Мириан III (гуырдз. მირიან III) уыдис III-IV æнусы Иберийы паддзах, хицауиуæг кодта Ромы император Константин Стыримæ (306-337) иу рæстæджы. Нымад цæуы Ибери æмæ Гуырдзыстоны фыццаг чырыстон паддзахыл, æппæт бæстæйыл дзуæрттæ чи сæфтыдта, ахæмыл. Гуырдзиаг растуырнæг еклезимæ гæсгæ у чырыстон сыгъдæг, йæ ном официалон æгъдауæй у Сыгъдæг Апостолтимæ Æмбар Паддзах Мириан (гуырдз. წმინდა მოციქულთასწორი მეფე მირიანი)[1].

Мириан III
гуырдз. მირიან III
Райгуырдис 265
Амардис 361
Ныгæныны бынат
Мыггаг Хосроидтæ[d]
Фыд Шапур I[d]
Æмкъай Нанæ Ибериаг[d]
Сывæллæттæ Вазар-Бакур II[d] æмæ Рев II[d]
Дин Гуырдзыстоны растуырнæг еклези[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

У Иберийы Хосроидты династийы бындуравæрæг[2].

Хæдзарвæндаг ивын

Мириан уыдис Михраны хæдзары (мыггаджы) уæнг, кæцы уыд Ираны авд стыр мыггагæй сæ иу[2]. Йæ бинонтæ цардысты бынат Рейы, цæгатаг Ираны, æмæ æнхъæлдтой сæхи Аршакидты империйы хицауиуæг династийы фæдонтыл. Мириан йæхæдæг дæр Ираны райгуырд æмæ фыццаджы зороастриаг лæг уыд. 284-æм азы шаханшах Бахрам II Иберийы паддзахы бынат Мирианæн радта, æмæ афтæ райдыт Михранидты рæстæг Иберийы. Хосроидты мыггаг та, Мириан йæ хистæр кæмæн уыд, уыдис Михранидты мыггагæн йæ къабаз. Бахрам II-ы бæллиц уыд Сасанидты хицауад Кавказы сфидар кæнын æмæ Цхетайыл къухдариуæг кæнын.

Михранидты мыггагæн йæ æндæр къабæзтæ дæр Кавказаг бæстыты хицауиуæг кодтой, афтæ сæ иу æрбынат уыд Гугаркы, æмæ æндæр Гардманы.

Чырыстон дин райсыны хабар ивын

Мириан чырыстон дин райста 333-æм азмæ ’ввахс, стæй та 337-æм азы уый паддзахадон дин сси. Афтæмæй уыд, чырыстонад паддзахадон диныл чи бафтдытой, ахæм дунейы фыццаг паддзахтæн сæ иу. Тæурæгъмæ гæсгæ Цхетайы цур цуаны куы уыд, уæд зæххмæ талынгдзинад бацыд æмæ паддзах куырмæйæ дзы баззад. Цалынмæ «Нинойы хуыцаумæ» не скуывта, уæдмæ дзы рухс нæ фæзындис. Стæй та фæстæмæ куы æрыздæхт, уæд Ниноимæ бадзурын бахъавыд, æмæ уый фæстæ рæхджы чырыстонад райста. Традицимæ гæсгæ, Мирианы дыккаг ус, Нана, Мирианæй раздæр чырыстонад райста.

Уыцы цауы руаджы Иберий хицауад фæтыхджын и, зæронд муртаккон кувæндæттæй алы хæзнатæ-иу иста æмæ сæ уæздæттæн æмæ аргъуанæн-иу дæтта. Æстæузаманы хроникæтæ дзурынц, паддзах æмæ йæ уæздæттæ чырыстонад парахат кæныны охыл тынг разæнгæрдæй кæй архайдтой, æмæ хæххон адæм семæ кæй нæ разы кодтой, ууыл. Ромаг историк Руфинус дæр афтæ фыссы, æмæ дзуарæфтыды фæстæ ибериæгтæ райдыдтой император Константинæй курын йæ сауджынты сæм рарвитын, æмæ уый æхсызгонæй сын рарвыста дины лæгты æмæ динон артефакттæ дæр. Гуырдзиаг тæурæгътæм гæсгæ Цхетайы стыр аргъуан самадта æмæ стæй Иерусалиммæ кувынмæ кæй ацыд йæ мæлæтæй гыццыл раздæр. Тæурæгътæм гæсгæ йæ баныгадтой Самтавройы моладзандоны Цхетайы, æмæ дзы сæ дзæппæдзтæ ныры онг дæр лæууынц.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. David Marshal Lang. The Georgians. — N. Y.: Praeger, 1966. — P. 95.
  2. 2,0 2,1 Rapp, Stephen H. (2017). "Georgia before the Mongols (2017)". Oxford Research Encyclopedia of Asian History. Oxford University Press: 1–39.