Мугæ, дыгур. могæ, хуссар ныхасыздæхтыты мантъылы‎[1] дæр (лат. Mespilus, уырыс. Мушмула) у дыргъхæссæг бæлас.

Мугæ
Мугæ
Мугæйы сыфтæр æмæ дыргътæ
Зонадон классификаци
Паддзахад: Зайæгойтæ
Хайад: Дидинæгджын зайæгойтæ
Кълас: Дыхайон зайæгойтæ
Къорд: Мæтæгдидинонтæ
Бинонад: Зæрдинхуызтæ
Мыггаг: Мугæ
Латинаг ном
Mespilus L.
ITIS 500419
NCBI 36615

Мугæ дих кæнынц дыууæ хуызыл: гермайнаг (Mespilus germanica, иуæй-иу ахуыргæндтæ равзарынц кавказаг мугæ дæр) æмæ америкæйаг Mespilus canescens (сырх дыргътимæ).

Æппæты хуыздæр зайæн бынат 500-1500 метры денджызы æмвæзæй уæлдæр. Фæлæ æстæм хатт уымæй уæлдæр бынаты дæр фæзайы. Кæны урс дидинæг.

Дыргътæ ивын

Мугæйы дыргътæ сты морæ, сæ диаметр у 2—3 см. Фæлæ ис ахæм хуыз мугæ, æмæ йæ дыргъты диаметр у 7 см. Иу бæлас фæдæтты 12-16 килограммæ ’ввахс дыргътæ.

Мугæйы дыргъты ис бирæ адæмы пайдайæн буаргъæдтæ, ахæмтæ куыд фруктозæ, глюкозæ, каротин, витамин C æмæ æндæртæ. Мугæйы дыргътæ пайда кæнынц сæн æмæ ликёр уадзынæн дæр.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1973.