Плиты Дзамболаты фырт Грис (Григорий) (1913-æм азы 30 октябры, Астæуккаг Ручъы[1], Хуссар Ирыстон1999-æм азы 4 мартъийы, Дзæуджыхъæуы) у зындгонд ирон фыссæг æмæ поэт, тæлмацгæнæг, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, йæ уацмысты Грис фыста хæстон намысы тыххæй.

Плиты Грис
Райгуырды датæ 1913-æм азы 30 октябры(1913-10-30)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1999-æм азы 4 мартъийы(1999-03-04) (85 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт
Уацмысты æвзаг ирон
Хорзæхтæ
Сырх Тырысайы орден орден Отечественной войны II степени Фæллойадон Сырх Тырысайы орден Сырх Стъалыйы орден орден «Кады Нысан» медаль «За оборону Сталинграда»
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Плиты Грисы ном хæссы Горæтгæрон районы Октябрыхъæуы ног культурæйы галуан æмæ библиотекæ.

Цардафыст ивын

Грис райгуырди 1913-æм азы Астæуккаг Ручъы хъæуы. Астæуккаг скъолайы фæстæ кæронмæ бакасти ахуыргæнджыты техникумы, стæй та сси Мæскуыйы театралон аивады институты студент. Уыд ирон театры актёр, йæ литературон хайады сæргълæууæг.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Грис хъазуатонæй хæцыди фашистон лæбурджыты ныхмæ йæ райдианæй йæ кæронмæ. Тохы быдырæй куы сыздæхт, уæд куыста Ирон театры директорæй, журнал «Мах дуджы» бæрнон редакторæй.[2]

Æддаг æрмæг ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Плиты Г.Г. — Фæлтæртæ æмæ азтæ. — Цхинвал, РХИ Мыхуыры хæдзар, 2011.
  2. Журнал «Мах дуг», 1999 аз, №3, 167-æм фарс