Рæмонатæ[1] кæнæ Рæмонтæ[1] (уырыс. Рамоновы) сты ирон мыггаг.

Рæмонаты Уано

Истори ивын

Рæмон æмæ Доба уыдысты фаззæттæ. Хосгæрдæны уыгæрдæнмæ ацыдысты, сывæллоны ахастой авдæны семæ. Изæры устытæ хæдзармæ раздæр цыдысты æмæ, лæгтæн бафæдзæхстой, цæмæй сывæллоны рахæссой семæ. Изæрæй лæгтæ куы ’рцыдысты, уæд сæ фæрсынц устытæ:

— Сывæллон кæм ис?

— Æмæ йæ не ’рхастат? — бафарста лæгтæй иу. Уæд лæгтæ фæстæмæ аздæхтысты. Кæсынц, æмæ сывæллоны авдæны хъæдыл калм йæхи стыхта, йæ къуди сывæллоны дзыхы нытътъыста. Лæгты куы ауыдта, уæд йæхи айхæлдта æмæ афардæг. Сывæллоны æрхастой хæдзармæ æнæнизæй æмæ дзæбæхæй. Цæй рынчын æмæ цæй цыдæр! Уый тыххæй йыл сывæрдтой ном Доба, ома Домбай. Рæмон æмæ Доба куы ралæгтæ сты, уæд дзы алкæй номыл дæр мыггаг рацыд. Абон дæр æрвад сты. Мамысоны комæй, дам, раджы кæддæр, Рæмонты мыггагæй иу æрбалыгъд Уæлладжыры коммæ, Садоны хъæумæ. Садоны кæимæдæр фæтуджджын сты æмæ æртæ æфсымæры æрбалыгъдысты Дыгуры коммæ, Стыр Дыгуры хъæумæ. Дзæвгар рæстæджы фæстæ дыууæ æфсымæрæй алыгъдысты — иу Фæрæскъæттæм, иннæ Мæхческмæ.

Рæмонтæ ма цардысты Хуссар Ирыстоны Дæллаг Брытъаты. Рæмонтæ сабыр адæм уыдысты, куыстуарзаг. Фæлæ сæм иухатт зæххы сæрыл хыл æрцыд Слантимæ. Букылтæй иу лæг архайдта сæ бафидауын кæныныл, фæлæ йын дзы ницы рауад, дыууæ мыггаг кæрæдзийы цагътой. Рæмонтæ нымæцæй къаддæр уыдысты æмæ Слантимæ тох нæ фæрæзтой. Уымæ гæсгæ сыстадысты æмæ фæлыгъдысты Брытъатæй Гудзареты коммæ æмæ æрцардысты Саджиайы хъæуы. Брытъаты сæ зæххытæ Слантæн баззадысты.

Зындгонд Рæмонатæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.

Литературæ ивын

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 133–134.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 105.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 31, 133–134, 142–143.

Æрвитæнтæ ивын