Тæгиаты æхсæнад (уырыс. Тагаурское общество) уыд æхсæнад Цæгат Ирыстоны. Скæсæны æмарæн уыдис Мæхъхъæлимæ, ныгуылæны — куырттатæгтимæ.

Тæгиаты æхсæнад
Дæргъæвс
Дæргъæвс
Бæстæ Уæрæсе Уæрæсе
Республикæ Цæгат Ирыстон Цæгат Ирыстон
Районтæ Горæтгæрон район, Дзæуджыхъæуы сахары зылд, Алагиры район
Стырдæр хъæутæ Дæргъæвс, Хъобан, Саниба
Картæ

Тæгиаты æхсæнад ивын

Тæгиаты æхсæнад у Ирыстоны æхсæнадæй иу; ахста Гæналдоны ком (Санибагом), Джызæлдоны ком (Дæргъæвсы ком æмæ Хъобангом) æмæ Терчы галиу фарс Арвыкомы. Скæсæнырдыгæй Тæгиатæ æмарæн уыдысты мæхъхъæлимæ, ныгуылæны — куырттæгтимæ. Тæгиаты æхсæнад территорийы сæйраг хай уыдысты æлдæртты зæххытæ, æлдæрттæ сæ равзæрд бастой легендарон рагфыдæл Тæгаимæ. Се ’ппæт дæр уыдысты Дæргъæвсæй рацæуæг. Уырдæм та, фыдæлты таурæгътæм гæсгæ, æрбалыгъдысты Куырттаты комæй. Тæгиаты æхсæнад уыдысты бынæттон феодалтæ — тæгиатæ кæнæ æлдæрттæ, дæлбар зæхкусджытæ — фæрссаг лæгтæ, кæвдæсæрдтæ æмæ цагъартæ — кусджытæ.

Тæгиаты æхсæнады кæмттæ ивын

Æлдæрттæ ивын

Æлдæрттæ, тæгиатæ — Тæгиаты æхсæнады уæлдæр фæлтæр, феодалтæ; уыдысты 11 мыггаджы — Æлдаттатæ, Дзантиатæ, Дударатæ, Есенатæ, Хъаныхъуатæ, Куындыхатæ, Мамсыратæ, Тугъантæ, Тылаттатæ, Тыхостатæ æмæ Санатæ. Ирон фыдæлтыккон æхсæнады Тæгиаты æлдæртты статус, адаты куыд баззадис, афтæмæй дыгуры бадилаты статусæй-иу чысыл дæлдæр уыдис. Æлдæрттæ хæстæг кодтой кæрæдзиимæ. Чызг куырдтой æмæ хастой кæсгон, искуы-иу хатт та балхъайраг æмæ мæхъхъæлон барджын мыггæгтæй, тынг стæм хатт та дыгурон бадилаты мыггæгтæй; æлдæрттæ сæ чызджыты моймæ лæвæрдтой Уæлладжыры æмæ Куырттаты æхсæнады уæздæттæн, сæхæдæг та XIX æнусы кæронмæ уыцы æхсæнæдты барджын мыггæгтæй чызг стæм куырдтой. Æлдæрттæ номылустытæ та кодтой сæ дæлбар зæхкусджыты бинонтæй æмæ иннæ тæгиаты æлдæртты кæвдæсæрдтæй.

Литературæ ивын

  • Этнография и мифология осетин. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. Краткий словарь. — Владикавказ, 1994 — 284 с.