Тамерлан (Тимур, Амир Темур, Тимурленг, Æндон къуылых, Ахсахъ Темур; 13361405) — дунейы историйы зынгæдæр тыхæйбайсджытæй иу, йæ архайд тынг бандæвта Кавказ æмæ Астæуккаг Азийы историйыл. Йæ къухы бафтыд, йæ сæйраг сахар Самарканд кæмæн уыд, уыцы егъау паддзахад саразын.

Тимур / Тамерлан
чагат. تیمور
Стыр эмир
1370-æм азы 9 апрелы — 1405-æм азы 19 февралы
Фæстæдæр Халиль-Султан (14051409)
Райгуырдис 9 апрелы 1336(1336-04-09)
Амардис 18 февралы 1405(1405-02-18) (68 азы)
Ныгæныны бынат Гур Эмир, Самарканд, Узбекистан
Мыггаг Тимуридтæ[d]
Фыд Тарагай[d]
Мад Текина-хатун
Æмкъай Сарай-мульк ханым[d], Ульджай-туркан ага[d], Чолпан-мульк Ага[d] æмæ Дильшад ага[d]
Сывæллæттæ Шахрух[d], Миран-шах[d], Гияс-ад-дин Джахангир[d], Умар-шейх[d] æмæ Тагайшах[d]
Дин пысылмон дин
Хуындад Бек[d], Мирза[d] æмæ Каган[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Тамерлан райгуырдис 1336 азы 9 апрелы сахар Кешейы (ныр Шахрисабз Узбекистаны), йæ рагфыдæлтæ уыдысты Барласы знæмы монголтæ.

1395-æм азы, Тохтамышыл фæуæлахиз уæвыны фæстæ, Тимуры æфсад бацыдис Аланимæ æмæ йæ ныггæныстон кодтой. 1395-40 азты Тимуры бабырстытæ хæдбар астæузаманы Алани йæ сæфтмæ æртардтой.

Тамерланы паддзахад