Триалеты ирæттæ сты Гуырдзыстоны Триалеты (Гурæй хуссарырдæм) цæрæг ирæттæ.

Ирон адæмы æнгом цæрыны рæттæ Советон Цæдисы фехæлды агъоммæ. Хуссары сырх стъæлф у «Триалеты Ирыстон»

Хуссар Ирыстоны ревком 1921-æм азы сидтис, цæмæй уыцы зæххытæ ирон автономимæ бацæуой, фæлæ уыцы проект нæ фæрæстмæ.

Ныртæккæ Триалеты Ирыстоны хъæутæ федзæрæг сты, сæ ирон цæрджытæй фылдæр хай ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ 1990-æм азты райдианы (уыимæ Сомихы ууылты дæр). Æдæппæт ирон царджыты нымæц уыдис 38 минæй фылдæр[1].

Ныры Гуырдзыстоны, Триалеты рагъы цæгатæрдæм хъæуты цæрынц 13383 ироны (2002-æм азы сфыстмæ гæсгæ), уыимæ Гуры районы — 6405, Карелы районы — 2755, Хашуры районы — 744, Къаспы районы — 3479 адæймаджы. Хуссар фахсы хъæуты баззадис æрмæстдæр 942 ироны, уыимæ Боржомы районы — 719 адæймаджы[2].

Кæс ноджы ивын

Фиппаинæгтæ ивын