Тыбылты Алыксандр

Тыбылты Арсенийы фырт Алыксандр (райгуырдис Хуссар Ирыстоны Залдайы хъæуы 1887-æм азы — амардис 1937-æм азы Цхинвалы) у ирон фыссæг, журналист, литературон критик æмæ æхсæнадон архайæг.

Тыбылты Алыксандр
Райгуырды датæ 1887-æм азы 17 февралы(1887-02-17)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1937
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, журналист, литературон критик, æхсæнадон архайæг
Уацмысты æвзаг ирон

Цардафыст ивын

1895 азы бацыд Дзауы скъоламæ. Дзауы скъолайы фæстæ Алыксандр ахуыр кодта Калачы, лæппуты 5-æм гимназы æмæ йæ фæцис каст тынг хорз бæрæггæнæнтимæ 1897 азы. Уый фæстæ бацыд Одессæйы университетмæ историон-филологон факультетмæ, каст æй фæци 1915 азы фыццаг къæпхæны дипломимæ. Университеты фæстæ кусын райдыдта уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй Калачы, цы гимназы ахуыр кодта, уым (1915–1918 азты).

1918 азы Алыксандр æрыздæхт Хуссар Ирыстонмæ. Ирон раззагдæр интеллигенциимæ — Гаглойты Рутен, Хъоцыты Бидзина æмæ Уанеты Захаримæ (Шакро) сарæзтой фыццаг ирон гимназ. Фæлæ 1920 азы Гуырдзыстоны меньшевикты хицауад æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ, æмæ гимназ æхгæд æрцыд.

Советон хицауад куы æрлæууыд Хуссар Иры, уæд Тыбылты Алыксандр дæр æрыздæхт иннæ лыгъдæттимæ, æмæ дардтæр куыстмæ бавнæлдта.

1924 аз 1 январы Хуссар Ирыстоны рацыд мыхуыры фыццаг ирон газет мадæлон æвзагыл «Хурзæрин». Йæ бæрнон секретарæй нысангонд æрцыд Тыбылты Алыксандр; 1927 азы январæй Хуссар Ирыстоны райдыдта цæуын мадæлон æвзагыл литературон журнал «Фидиуæг». Хуссар Ирыстоны ма уыцы азты фæзынд журнал «Гутондар» дæр, фæлæ хæрз чысыл рæстæгмæ. Журналтæ «Фидиуæг» æмæ «Гутондар»-ы бындурæвæрджытæй æмæ сæйраг кусджытæй иу уыд Тыбылты Алыксандр.

1930 азты Хуссар Ирыстоны райдыдта кусын чиныгуадзæн «Хурзæрин», йæ правленийы уæнг уыд Алыксандр.

1930–1933 азты Хуссар Ирыстоны мыхуыры цыд газет «Большевикон цард». Алыксандр уыд редколлегийы уæнг æмæ йæ раззагдæр кусæг.

1935 азы Хуссар Ирыстоны мыхуыры фæзынд ног журнал «Æххуыс ахуыргæнæгæн». Ацы журналыл æппæт ахуыргæнджытæ дæр сæмбæлдысты стыр цинимæ. Йе ’рхъуыдыгæнæг æмæ йæ редколлегийы уæнг уыд Алыксандр.

Алыксандр тох кодта цæмæй Цхинвалы конд æрцæуа педтехникум. Техникум бакæнынæн хъуыд тых æмæ лæгдзинад. Ахæм тых разынд Алыксандр æмæ фыццаг ирон гимназ цы куырыхон адæмимæ байгом кодта, уыдонмæ. Æмæ сын 1924 азы бантыст Цхинвалы байгом кæнын педтехникум.

1931 азы, 1 апрелы Алыксандр сæрдариуæг кæмæн кодта, уыцы къамис уынаффæ рахаста, цæмæй Цхинвалы гом æрцæуа медучилище æртæ хайадимæ. Байгом уыцы аз Цхинвалы медучилище æмæ абон дæр, XXI æнусы, кусы æмæ цæттæ кæны кæстæр медицинон кусджытæ.

1932 азы 1 январы байгом Сталиниры педагогон институт: ирон, уырыссаг æмæ гуырдзиаг сектортимæ. Пединститутæн Алыксандр канд йæ аразæг нæ уыд, фæлæ ма йын йæ ахуырадон фæндаг дæр нывыл сæвæрдта æмæ дзы фæкуыста 1937 азмæ. Ацы институтæн ныр лæвæрд æрцыд университеты статус (Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет) æмæ хæссы Тыбылты Алыксандры цытджын ном.

1922 азы 1 февралы Цхинвалы фæзынд «Литературон æхсæнад». Фæстæдæр, 1925 азы ацы «Æхсæнад»-æн лæвæрд æрцыд «Бæстæзонад æхсæнад»-ы ном, 1927 азы та — Бæстæзонæн институты ном. Алыксандр уыд раззагдæр кусæг, куыста æмæ иртæста бирæ æнæлыг фарстатæ, йæ зонд æмæ йæ хъаруйыл нæ ауæрдгæйæ.

1938 азы ацы институтæн лæвæрд æрцыд зонад-иртасæг институты статус, æмæ абон дæр æнтыстджынæй кусы æмæ хæссы Уанеты Захары (Шакройы) кадджын ном.

Афтæ ма Алыксандр дзырдта кæй хъæуы бакæнын музыкалон скъола, домдта хицауадæй, цæмæй арæзт æрцæуа театр. Æмæ 1925-1927 азты арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр.

Цыдæриддæр рацыд Хуссар Ирыстоны фольклорæй 1929 азæй 1936 азмæ, уыдонæн раздзырдтæ æмæ комментаритæ ныффыста Тыбылты Алыксандр. Алыксандр æмæ йе ’мбæлттæ, стæй зонад-иртасæг институты сфæлдыстадон фæсивæд цы стыр æмæ бындурон куыст бакодтой ирон дзыхæйдзургæ сфæлдыстад æмбырд кæныны хъуыддаджы, уымæн йæ фæстиуæг — чиныг «Хуссар Ирыстоны фольклор», кæцы мыхуыры фæзынд 1936 азы. Ацы чиныгæн йæ нысаниуæг бонæй-бонмæ кæны уæрæхдæр æмæ ахадгæдæр.

Алыксандр ирон æвзаджы проблемæтыл цы бирæ уацхъуыдтæ ныффыста, уыдонæн сæ ахадгæдæртæ сты: «Ирон æвзаг», «Цы ’взагыл ахуыр кæнын хъæуы ног скъолаты?», «Ноджы нæ ног графикæйы тыххæй», «Дæсгæйттæй нымад», «Раст фыссыны хъуыддаг», «Ирон пунктуацийы тыххæй», «Ирон орфографийы фарстатæ», «Терминологийы тыххæй», «Иумæйаг литературон æвзаджы тыххæй», «Об осетинской письменности», «Хуссар Ирыстоны диалекттæ» æмæ æндæртæ. Ацы чысыл уацхъуыдты номхыгъд дæр дзурæг у, Алыксандры сгуыхт хъуыддæггæ кæй уыдысты йæ адæмы сæраппонд æмæ уымæн фарнхæссæн. Алыксандры сфæлдыстад æмткæй у ирон зонады райдайæн, æмæ йын уый тыххæй ис стыр нысаниуæг нæ культурон царды историйы.

Тыбылты Алыксандр ма бирæ хорздзинæдтæ æрхастаид Ирыстон æмæ ирон адæмæн, фæлæ йын 1937-æм азы йæ цард æрлыг кодтой æгъатыр дуджы. 1955-æм азы реабилитацигонд æрцыдис. 1989-æм азæй фæстæмæ Алыкандры ном хæссы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет.

Æддаг æрмæг ивын