Хасан (тур. Hasan Dağı) — хуыст стратовулкан Турчы, Аксарайы провинцийы.

Хасан
тур. Hasan Dağı
Хох Хасан
Кæм ис Турк
Фæстаг скалд 6200 азы нæ дуджы агъоммæ
Цъуппы бæрзæнд 3253 м
Хасан (Турк)
Хасан
Хасан (Хуссар Турк)
Хасан
Категори ВикиКъæбицы

Геологи ивын

Йæ бæрзæнд денджызы æмвæзадæй у 3253 метры уæлдæр, ахсы дыккаг бынат Центрон Анатолийы цъуппыты астæу.

Йæ кальдерæйы уæрæх у 4–5 км, сæвзæрдис 7500 азы нæ дуджы агъоммæ. Фæстаг скалд уыдис 6200 азмæ нæ дуджы ахъоммæ æввахс. Ацы дыууæсæрон стратовулкан бавзæрста йæ царды кальдерæйы ныккалдис цыппар хатты. Нырыккон сырезт сæвзæрыдис фæстаг кальдерæйы. Лавæйæ куполтæ сарæзтой дыууæ сæйраг цъуппы, ныгуылæны цъупп уæллоздæр у æмæ йын ис дыууæ вулканон кратеры. Хасаныл æрхъула кодтой 25-æй фылдæр лавæйы лæбырды æмæ конусы æртхутæгæй

Адæмы ахаст ивын

Хасаны сирвæзт фиксацигонд æрцыдис неолиты рæстæджы къæдзæхыл нывтыл. Незаманы цæрæнран Чатал-Хюючы (тур. Çatalhöyük) цæрджытæ æмбырд кодтой хохы алыварс обсидиан æмæ йæ ивтой сыхаг цæрæнрæтты. Ссардæуыд дзы айдæнтæ обсидианæй. Хохы нысаниуæг уæды рæстæджы цæрджытæн æвдисынц къæдзæхыл нывтæ, кæцыдæртыл дзы хох йæхи суæлвонг кæны цæрджыты хæдзæрттыл.

Туризм ивын

Хохмæ сцыд ахсы 6 сахатмæ ’ввахс. Цъуппæй зыны Анатолийы уæлвæз, æмæ, дæрддзæф æвæрд чи у, уыцы Каппадоки.

Æрвитæнтæ ивын