Хатайы паддзахад (тур. Hatay Devleti, арабб. لواء الإسكندرونة‎‎), зындгонд у куыд Хатайы Республикæ дæр, уыд политикон иуæг 1938-æм азы 7 сентябрæй 1939-æм азы 29 июны онг. Сарæзтой йæ Францы мандаты территори Сири æмæ Ливаны Александреттæйы санджакы, фæстæдæр æй бацахста Турчы Республикæ — æмæ ныры онг ис ил Хатай йе сконды.

Хатайы паддзахад
тур. Hatay Devleti
арабб. لواء الإسكندرونة‎‎


19381939
Тырыса

Францы мандат Сири æмæ Ливаны. Александреттæйы санджак у галиуырдыгæй уæле
Сæйраг сахар Антакья (Антиохи)
Æвзаг туркаг, францаг, араббаг
Æхцайы иуæг Сирийы фунт
Турчы лирæ
Фæзуат 4700
Хицауиуæджы хуыз республикæ
Паддзахады сæрдар
 •  Тайфур Сокмен
Премьер-министр
 •  Абдурахман Мелек

Фыццаг дунеон хæсты фæстæ, Сан-Ремойы конференцийы уынаффæмæ гæсгæ, Сири æмæ Ливаны территоритæ хаудысты францаг разамындмæ 1935-æм азы онг. Франц æмæ Турк 1921-æм азы бадзырдтой, цæмæй Александреттæйы санджакæн раттой автономи, уый тыххæй æмæ дзы араббаг æмæ сомихаг цæрджыты йеддæмæ бирæ турк цардис.

Хатайы адæмтæ 1936-æм азы

1939-æм азы Хатай бацыдис Турчы скондмæ. Уыциу рæстæг Европæйы райдыдта Дыккаг дунеон хæст æмæ уый тыххæй Франц Турчы президент Исмет Инёнюйы раконды ныхмæ нæ уыдис. Сири XXI æнусы агъоммæ Хатайы нымадта йæхи зæххыл.