Хозитæ (уырыс. Хозиевы, гуырдз. ხოზიშვილი[1][2], ხოზაშვილი[2]) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Хозитæ уыдысты Уæлладжырон, Æрхоны коймаг, Дæйыхъæуы цæрæг. Уыдысты бирæ æфсымæртæ. Иу сæрд хос карстой. Сæ цурты къахвæндагыл фæцæйцыд Æрхоны коймаг. Хозитæн «байриат» кæй нæ загъта, уый сын тынг хъыг уыд æмæ йæ амардтой. Туджджынæй зын цæрæн уыдис уыцы комбæсты æмæ Хозитæ Зругмæ балыгъдысты. Сæ гæды баззад, æмæ бирæ рæстæджы уасгæ рацу-бацу кодта. Схъæддаг ис æмæ сæ чъырынæй дарддæр хæдзармæ никæмæ цыдис. Уæдæй фæстæмæ комбæсты адæммæ æлгъыстæн баззад: «Хозиты гæдыйы уаст фæкæн», «Хозиты гæдыйау быныл баззай». Хозитæ Зруджы куы ’рцардысты, уæд Майрæмы кувæндон скодтой Зруджы рагон аргъуаны хæлдæй. 1936 азы Зруджы цæрджытæ иууылдæр ралыгъдысты быдырмæ Рассветмæ, æмæ Зруг æдзæрæгæй баззад.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. 2,0 2,1 Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд