Санахъоты Михелы фырт Уасо (райгуырдис 1901-æм азы Тифлисы — амардис 1978-æм азы 14 октябры Цхинвалы) уыдис ирон поэт, фыссæг, драматург.

Санахъоты Уасо
Райгуырды датæ 1901-æм азы 15 январы(1901-01-15)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1978
Мæлæты бынат
Архайды хуыз фыссæг
Уацмысты æвзаг ирон

Уасо дæсаздзыдæй сси хъæдын дзаумæттæ аразæг фабричы кусæг, бинонты æнцой. Фæстæдæр рафтыд Хуссар Ирыстонмæ. Ам бацыд Сырх æфсады рæнхъытæм æмæ дзы æртæ азы баслужбæ кодта. Уый фæстæ куыста хъæды хæдзарады. 1937 азы каст фæцис Архангельсчы хъæдгуыстады академи.

Цхинвалмæ сыздæхт æмæ йæ снысан кодтой облæххæсткомы сæрдары хæдивæгæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг уыд госпиталы комиссар. Фæсхæст куыста алы бæрнон бынæтты: хъæдгуыстгæнæг комбинаты директор, æхсæнад «Зонад»-ы разамонæг, облæххæсткомы культурæйы хайады хицау.