Сомоса уыд, Никарагуæйы 1936 азæй 1979 азмæ æлдариуæг чи кодта, уыцы мыггаг.

Мыггаджы æртæ диктатортæ уыдысты:

Мыггаджы равзæрд

ивын

Куыд рабæрæг, афтæ диктаторты фыдæлтæй иу уыд Анастасио Бернабе Сомоса, къæрных æмæ марæг[1]. Йæ фæсномыг уыд Анастасио Авд кæлмæрзæны, уый тыххæй æмæ, дам, кæлмæрзæнтæ дюжины ’рдæг дæр фаг не сты йæ къухæй туг ныссæрфынæн. Фæстæдæр, 1849-æм азы уыцы тыхгæнæджы æрцахстой æмæ йæ цæджындзыл ауыгътой.

Уыцы фыдгæнæджы дыууæ фырты — Луис æмæ Анастасио[2] — кæмдæр фæрынчын сты сифилисæй. Низ сæ мæгъзтæ куы хордта, афтæмæй иу хылы рæстæг кæрæдзи фехстой дамбацатæй, сæ дыууæ дæр уыцы цæфтæй амардысты[1].

Сæ иуы фырт, уый дæр Анастасио, сифилисæй рынчын райгуырд. Уый тыххæй хъомысджын адæймаг дзы нæ рауæд æмæ йæ цард фæци сæрмагонд рынчындоны. Уыцы лæгæй райгуырд Анастасио Сомоса Гарсиа, Сомосаты диктаторты династийы бындурæвæрæг.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Александр Тарасов Сомосæты тыххæй
  2. Анастасиойы ном сæ мыггаджы лæвæрдтой-иу фыдæй-фыртмæ.