Александр Македойнаг
Александр Македойнаг[3] кæнæ Мачъидон Алыксан[4], Стыр Александр æмæ æнæуи Алыксандр хоны, дыгурон вариант: Мæкъедон Александр[5] (рагон грекъ. Ἀλέξανδρος ὁ Μέγας) уыди грекъаг Македонийы паддзах æмæ зындгонддæр-иу уæлахизхæссæг кæны рагон дунейыл.
Александр Македойнаг | |
---|---|
рагон грекъ. Ἀλέξανδρος ὁ Μέγας | |
336-æм аз нæ э. а. — 323-æм аз нæ э. а. | |
Раздæр чи уыд | Филипп II |
Фæстæдæр | Филипп III Арридей |
Райгуырдис |
356 нæ э. а. 20 июлы[1] |
Амардис |
323 нæ э. а. 10 июны (32 азы) |
Ныгæныны бынат | Александрия, Мысыр |
Мыггаг | Аргеадтæ[d] |
Фыд | Филипп II Македойнаг |
Мад | Олимпиадæ Эпираг |
Æмкъай |
1) Роксанæ 2) Статирæ 3) Парисатидæ |
Сывæллæттæ |
1) Геракл 2) Александр IV |
Дин | рагон грекъаг дин |
Хуындад | сæйрагкъамандыгæнæг[d] |
Тохтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Алыксандр дунейæн йæ фылдæр хай бацахста, афтæ Александры уæлахизты руаджы Грекъ (иугонд Македоны сæргъы) сси хъомысджын дунеон паддзахад, уымæ гæсгæ уыцы бирæ бæстæты адæм райдыдтой дзурын иумæйаг грекъаг æвзагыл, цæмæй адæм иууылдæр грекъаг дин æмæ æгъдæуттæ райстаиккой.
Æрыгон царды
ивынАлыксандр райгуырдис 356-æм азы нæ э. а. 352-æм азы нæ э. а, Алыксандры фыд, паддзах Филипп Дыккаг, сахар Фессалийы фæуæлахиз астæуккаг Гречъы цæрæг адæмыл. 336-æм азы нæ э. а йын йæ фыды, Филиппы, куы амардтой, уæд ссæдзаздзыд Александр сси Македонийы паддзах, 20 азы йыл куы цыди, уæд. Алыксандрæн йæ фыд куы амарди, æмæ паддзах кæй сси, уæд 334-æм аз нæ э. а. майы Александр араст йæ фыццаг хæстон стæры, æмæ Персы паддзахады зæххытæ куы бацахста. Æмæ уыцы аз, Къаннæг Азийы цæгат-ныгуылæн фарс цæугæдон Граничы цур (ныртæккæ Турчы зæххыл) фыццаг хатт схæцыд персæгтимæ æмæ сыл фæуæлахиз, 334-æм азы.
Азийы зæххытæ бацахстой
ивын332-æм аз нæ э. а., уæд Алыксандр йе ’фсæддонтæн радта бардзырд, цæмæй Тиры сæйраг хайы хæлддзæгтæй сарæзтаиккой фæндаг, сахарæн ма сакъадахыл цы хай уыд, уырдæм. Æмæ сахары уыцы хай дæр фæстæдæр басаста. Фæстæдæр, Алыксандр Тирæн йæ иннæ хай, сакъадахыл чи уыд, уый куы бацахста, уæд ныццагъта мингай æфсæддонты æмæ зындгонд адæмы, йæ цæрджытæй та йын 30 000 ауæй кодта цагъартæй. 330-æм азы Персы паддзахад куы ныппырх, æмæ паддзах Дариус фæмард. Дæс азмæ, Алыксандр Персы паддзахад бацахста, Гречъы зæххытыл ахæцыд цæугæдон Инды онг (абон ис Пакистаны зæххыл).
Мæлæт
ивынАлыксандр фæндыд, цæмæй Вавилон сæйраг сахар суыдаид, фæлæ æвиппайды амард 323-æм азы, уæд ыл цыди 32 азы. Алыксандр куы амард, уæд Алыксандры æфсады цыппар сæргълæууæджы йын йæ паддзахад сæ кæрæдзийыл куы ныддихтæ кодтой. Зæгъæм, Антиох Цыппæрæм паддзахад Алыксандры чи адих кодта, уыцы цыппар сæргълæуджытæй сæ иуы байзæддаг, Сирийы паддзах сси æмæ Птолемейы паддзах Мысыры сси.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Πλούταρχος 3.5 // Life of Alexander the Great (раг.-гр.) // Βίοι Παράλληλοι
- ↑ Alexander of Macedon, 356–323 B.C.: a historical biography
- ↑ Абайты С., Хуытъинаты Д. Историон æмæ политикон терминты дзырдуат. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад. — Дзæуджыхъæу, 1950
- ↑ Джыккайты Шамил. Ныхасы фарн: Зонадон уацтæ æмæ эссе. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1996—284 ф.
- ↑ М.И. Исаев. Дигорский диалект осетинского языка — Наука. Москва, 1966. C. 131