Сурамы æфцæг (гуырдз. სურამის უღელტეხილი) у, Стыр æмæ Чысыл Кавказ иу чи кæны, уыцы Сурамы хохрагъы æфцджытæй иу; ис ныртæккæйы Гуырдзыстоны территорийыл. У ацы рагъы тæккæ ныллæгдæр æфцæг (денджызы æмвæзадæй у 949 метрæй бæрзонддæр).

Сурамы æфцæг
гуырдз. სურამის უღელტეხილი
Координатæтæ: 42°01′37″ с. ш. 43°30′01″ в. д.HGЯO
Ран Гуырдзыстон
Хохы системæ Кавказ
Бæрзæнд 949 м
Сурамы æфцæг (Гуырдзыстон)
Сурамы æфцæг
Сурамы æфцæг (Имерет)
Сурамы æфцæг
Категори ВикиКъæбицы

Æфцæгыл цæуы автомобилон соса æмæ æфсæнвæндаг (ХашурЗестафонийы фæндаджы иу хай). 1933-æм азы Сурамы æфцæджы æфсæнвæндаг æрцыд электрификацигонд æмæ йыл Советон Цæдисы фыццаг хатт спайда чынди электровозтæй.