Тæрхон:Ирон алфавит
Æрбайсгæ дзырдты фыссынад
ивынМæн та фæнды, цæмæй мауал пайда кæнæм Ю,Я,Ё,Ь,Щ-тæй. Фæлæ нæм Ж æмæ Ш кæй нæй, уый цæмæн дзурут, кæд æмæ алы ныхасыздæхты сты ацы мыртæ, куыд æцæг иронтæ. Уæдæ сæ нæхи цæннæ хонæм? Кæд ДЖ ис, уæд хуымæтæджæ Ж нæй? Иннæтæй разы дæн æрбайсгæ кæй сты æмæ мæ уый тыххæй фæнды, цæмæй сæ мауал пайда кæнæм, уымæн æмæ се 'цæг(оригиналон) хуызы дæр сæ фылдæр вæййынц æнæ ацы мыртæй, фæлæ сæ уырыс се 'взагмæгæсгæ спайда кодтой. Уыдонæй та сæ мах æрбайстам. æмæ уæд афтæ уайы, æмæ æнæраст варианттæй пайда кæнæм. Уæд фæлтау "культурæйы" бæсты дзурæм "културæ", "юристы" бæсты "йурист". О уадиссаг зын нæу? Кæннод афтæ рауайдзæн, цыма та адон дæр æцæг "ирон" мыртæ сты, куыд хъ,цъ,чъ-тæ-йедтæ... Кæд ма не 'взаг бынтон уа,уæд...