Тæрхон:Самтредиа

Последнее сообщение: 30 ноябры 2009 от Dziglo

Куыддæр нæ фидауы ацы дзырды кæроны дамгъæ "Æ". Хуыздæр уаид фыссын *Самтредиа*. Dziglo 22:44, 29 ноябры 2009 (UTC)Ответить

„Куыддæр нæ фидауы“ тынг у.
Æппæт гуырдзиаг нæмтты -а фыссæм æви куыд?
Ис нам Степанцминда, Цалкæ æмæ æндæртæ. Amikeco 07:58, 30 ноябры 2009 (UTC)Ответить
Æз ма никуы федтон, "-иа"-йыл чи фæуд кæны, ахæм дзырдтæ афтæ ивгæ. Фæлтау "-иа" æнæвнæлдæй уадзæм. Dziglo 08:26, 30 ноябры 2009 (UTC)Ответить
Плиты Грисы æмдзæвгæ ссардтон:
САМТРЕДИ
Фæцагур дунетыл цæрæндон,
Æвзарæд удлæууæн дæ цæст, —
Кæд ис æрæнцайæн дзæнæтон,
Уæд уый Самтреди у æрмæст.
Æгæрон зад дыргъдон — йæ бæстæ,
Чызг уа, лæппу, йе лæг, йе ус —
Сырх фæткъуы, бур кæрдобæлæстæй
Мæргътау куыд зарынц, хъуома, хъус!
Сæрддæргъы сой-зæххыл хæларæй
Сæ фæллой хидкалæн цы уыд —
Фыййауæй, дохтырæй, сæрдарæй
Бындзытау уымæй исынц мыд.
Зæххыл цы бирæ бæстæ федтай —
Сæ иуыл ахæм адæм нæй:
Лæг дзы поэт кæны, поэт та
Лæджы хæрзуд кæны нывтæй.
Ам алчи иннæтыл нымад у,
Ам алчи адæмæн лæг у.
Фынгыл йæ хъæубæстимæ бады,
Уæздан æгъдауæвæрæг у,
Лæг сæм æрбафтыди фæндагыл,
Хабарæй не 'мбæлы фæрсын,
Фынг ын æрæвæрынц, фыццаг ын
Æрхæссынц цæхх æмæ кæрдзын.
Фæсвынг та уазæг нал — æмгар дæ,
Цы кæной ам — ды дæр æй кæн,
Уæд удæн семæ зарын цард у,
Сæ цард та зарæг у лæгæн.
Æмæ та ног зæгъын мæ фæндон,
Фæндон та зæрдæйыл у хæст:
Кæд ис зæххыл цæрæн дзæнæтон,
Уæд уый Самтреди у æрмæст.
1973
--Dziglo 09:40, 30 ноябры 2009 (UTC)Ответить
Вернуться на страницу «Самтредиа».