Тæрхон:Уæвæны теори
Последнее сообщение: 7 мартъийы 2012 от Bouron в теме «Теорийы ном»
Теорийы ном
ивынУæвæны теори та цы у? Æвæццæгæнады теори? Taamu (обсуждение) 18:51, 6 мартъийы 2012 (UTC)
- Ныртæккæ ирон æвзагыл уыцы теори нæй, æмæ нын зын у терминологи арын. Цæмæй ын ном раддæм, уый тыххæй базонæм цы у. Уый у цæйдæр теори. Ерын уыцы цыдæр иронау зæгъæм. Уый тыххæй базонæм цы у, уый. Махæн нæ бон у æндæр æвзæгтæй уыцы теорийы тыххæй базонын цыфæнды дæр. Цы зонæм. Хъуамæ уа гæнæн зæгъын уыцы цыдæр ис/нæй, куыд есть вероятность/нет вероятности уырыссагау. Ома уæвæн>0/уæвæн=0.
- Куыд уынæм, афтæ уæвæн ныхас уыцы домæнмæм тынг æмбæлы. Æвæццæгæнад та на. Уый дын иу.
- Цæмæн нæ бæззы æвæццæгæнад. Фыццагдæр ацы ныхас у арызт ныхас. Дзырдуат чи арызта, уый æртымбыл кодта уырыссаг ныхæстæ æмæ хæс сæвæртта уыцы ныхæстæ иронау ныффысса. Уыцы ныхæсты хсæн дæр уыдис вероятность. Ирон адæймаг ацы ныхасæй никуы пайда кодта. Æмæ ирон æвзаджы нæдæр ис. Кæд ис, уæд мын равдисут ирон-уырыссаг дзырдуат, кæм ис ацы ныхас. Ирон-уырыссаг дзырдуаты тымбылгонд цæуынц ирон ныхæстæ, æмæ дзы уый тыххæй нæй. Уый æддæмæ дзы дзырдуаты уæвæн цæннæ ис, уый мæнмæ диссаг кæсы. Уæвæн ис уырыссагау есть вероятность еддæмæ æндæр никуыд ис зæгъæн (возможно/возможность есть - гæнæн ис). Уый дын дыууæ.
- Дыггагæй, нæй гæнæн зæгъын ис æвæццæгæнад, нæй æвæццæгæнад, æвæццæгæнад у 0.5 . -ад-ыл цы фæуд кæны, уый у абстракт. Кæс Абайты Уасойы чиныг "Грамматический очерк ОЯ", 113 фарс.
- Æртыггагæй, æвæццæгæнад куыд вероятность раст тæлмац нæу. Цæмæн нæ. Æвæццæгæнад = Æвæццæгæн + ад (цы у вероятно + ад). Вероятность = вероятный + сть. Куыд уынæм, афтæ æвæццæгæнады æвæццæгæн у "вводное слово" (кæс Уасойы И-Э дзырдуат), вероятность-ы та вероятный ис, кæцы у миногон. Æмæ ма ноджы вероятный иронау æвæццæгæн нæу. Уый дын цыппар.
- Цыппæрæмæй, æвæццæгæнад та раст ныхас цæннæ у. Куыд зонæм, афтæ æвæццæгæнад у æвæццæгæн æмæ суффикс -ад. Бакæсæм Уасойы грамматический очерк, æмæ базонæм цы нысан кæны суффикс -ад. Уым, ис фыст æмæ -ад æфтыд цæуы нæмттæм (-ад имеет отименное употребление). Æвæццæгæн ном нæу. Уæдæ уый нысан кæны æвæццæгæнад раст ныхас нæу. Уый дын фондз
- Ноджы ма дыууæ цыдæр хъуамæ бамбарын кæнон. Фыццаг. Цæмæн æнцой кæнын Уасойыл иуæй иу рæтты фæлæ йæ дзырдуаты ныхасыл та нæ æнцой кæнын. Уый у умæн æмæ Уасо у номдзыд лингвистикæйы. Математикæйы та Уасо зындгонд нæу. Кæд мын мæ хъуыды бафарстай, уæд джы зыны æмæ Уасойыл æнцой кæнын лингвистикæйы. Математикæйы тыххæй та йыл нæ æнцой кæнын.
- Дыггаг. Мæ хъуыдыйы уæлийæ цы процесс ныффыстон уый нæуæг исты фыссынæн у тынг раст. Фæлæ, æвæццæгæнад (æмæ бирæ æндæр нæбары ныхæстæ дзырдуæтты) куыд фæзынд, уыцы процесс æндæр уыд. Цы уæлдай:
- Раст. Цы фыссæм, уый ирон æвзагыл никуы уыдис фыст => Хъæуы базонын цы у. Кæд базыддам => Хъæуы уыцы цыдæр иронау зæгъын æмæ йæ афтæ схонын, кæд нæ бон нæу зæгъын => Уæлдай нæу ам.
- Рæдыд. Цы фыссæм, уый ирон æвзагыл никуы уыдис фыст => аразæм нæуæг ныхас, кæцы у уырыссаг ныхасы къуыдыр тæлмац.
- Ай рæдыд умæн у æмæ раст фыст гæнæн ис ауадзой. Ахæм цыдæртæ бирæ ис, кæдон иронау фыст не сты фæлæ иронау зæгъæн сты.
- Зæгъæм ахæм рæдыд, кæцы ныр ныффидар ис ирон æвзаджы. Гуырынон хауæн. Хауæнтæ ирон æвзаджы никуы уыдысты, æмæ чи фыста уыцы термин фыццаг, нæ ахъуыды кодта дзæбæх æмæ рæдыд бауагъта. Йæ хъуыды.
- Родительный падеж. Падеж...падать...хауын...мм...существительное...хауæн! Родительный...родиться...гуырын...хъуамæ номдар уа...гуырынон!
- Кæд æмæ алы хауæны ном дæр хъуамæ фидауа хауæны фарстаимæ, уæд гуырæнон нæ фидауы. Родить кого уырыссагау. Иронау та гуырын кæй(!!!)? Кæй зæгъын æй хъæуы, хъуамæ уыдаит ныййарын кæй. Ай у æвдисæн, цæмæн хъæуы фыццаг ахъуыды кæнын куыд гæнæн ис зæгъын уыцы цыдæр иронау.--Bouron (обсуждение) 22:15, 6 мартъийы 2012 (UTC)
Рагæй рахъуыды-бахъуыды кодтон уыцы зын ныхæсты тыххæй: вероятность, случайный æмæ æнд. Ныры зонады уæвæны теори у иттæг ахсджиаг æмæ æнæмæнг иронау дæр хъуамæ уа гæнæн уый тыххæй ныхас кæнын. Куыд æй æмбарын, ныры онг дзырдуæтты йеддæмæ уыцы ирон терминологийæ пайда нæ кодтой, æмæ уый аххосæй Википедийы ис гæнæн хуыздæр терминтæ арын. Иннæрдыгæй, „гуырынон хауæнæй“ бирæ пайда чындæуы, æмæ йæ уадзæм, абоны онг куыд уыдис, уыцы хуызы :) Amikeco (обсуждение) 02:20, 7 мартъийы 2012 (UTC)
- Раст зæгъыс. Бузныг:)--Bouron (обсуждение) 16:59, 7 мартъийы 2012 (UTC)