Тедеты Дауыты фырт Тони у хæст, куыст æмæ партийы ветеран дæр. Тони райгуырди 1920-æм азы Цъорбисы хъæуы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары.

17 азы дæр ыл нæма цыди, афтæмæй йæ фыд æмæ йе ’фсымæр баисты культы азары хай, банымадтой сæ адæмы знæгтыл æмæ сæ æрцахстой. Хæдзары уæз æрынцади æгасæй дæр æвзонг лæппуйы уæхсчытыл.

Сидзæр, мæгуыр лæппуйæн кæд зын уыди уыцы æгады ном хæссын, уæддæр æм разынд æвзонджы тых, æхсардзинад æмæ йæ хъуынсастдзинад бирæ нæ ахаста. Бамбæрста, куыст цардæн фæрæз кæй у, уый, æмæ йæ бон цы уыди, уый куыста. Архайдта æппæт амæлттæй дæр къæбæрцух цæмæй ма ныууагътаид йæ мад æмæ йæ чысыл æфсымæры. Ахуыр дæр кодта æмæ колхозы дæр куыста.

Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Тони дæр рæстæгмæ бафснайдта йæ чингуытæ, йæ кусæнгæрзтæ æмæ хæрзбон загъта йæ хъæубæстæн, йæ ныййарæг мадæн. Фæцыди тохы быдырмæ йæ Райгуырæн бæстæ цыфыддæр знагæй бахъахъхъæнынмæ.

Тони йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй сæ фыццаг акодтой Сомихстонмæ горæт Дилиджанмæ. Уым сæ бацæттæ кодтой æмæ сæ 6 мæйы фæстæ арвыстой Цæгат Кавказы фронтмæ.

Удуæлдай тох кодтой нæ ирон лæппутæ знаджы ныхмæ, кæмфæнды ма хæцыдаиккой, уæддæр. Сæ хæстон сгуыхтдзинæдтæ æнæхъуаджы нæ айхъуыстысты легендæйау æппæт фронты.

Мæздæджы горæты сæрыл тохты Тони фæци уæззау цæф августы мæйы æмæ йæ арвыстой Кировабады госпиталмæ, фæлæ йæ уæззау цæфтæ нæ, æмæ нæ дзæбæх кодтой, æмæ йæ уырдыгæй арвыстой Бакуйы æфсæддон госпиталмæ. Ам цасдæр рæстæджы фæстæ байгас сты йæ цæфтæ æмæ цалдæр ирон лæппуимæ сæхи акуырдтой Воронежы фронтмæ. Ам дæр та хæстонтæ равдыстой сæ хъæбатырдзинад æмæ райгуырæн бæстæйыл се ’нувыддзинад. Воронежæй сæ арвыстой (йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй къахæй), Курскы цы стыр тугкалæн хæст уыди, уырдæм (Курская дуга). Кæд бирæ хæстонтæ фæмард сты уыцы удуæлдай тохы, уæддæр знаг дæрæн æрцыди æмæ ссæрибар ис Курскы территории.

Ам дæр та Тедейы-фырт фæци уæззау цæф æмæ 1944-æм азы октябры мæйы бахаудта Курскы госпиталмæ. Уæдмæ не ’фсæдтæ асæрибар кодтой нæ паддзахадон арæнтæ немыцаг тыхæйисджытæй æмæ Советон сырх тырысаимæ сæ ных сарæзтой Берлинмæ. Тедейы-фырты дæр бæргæ фæндыди уыцы сырх тырысайы бын Берлинмæ абырсын, фæлæ йын йæ уæззау цæфтæ уый фадат нал радтой. Хæцынæн кæй нал бæззыд, уымæ гæсгæ йæ дохтыртæ ссæрибар кодтой æмæ йæ рарвыстой йæ райгуырæн уæзæгмæ.

Райста та, кæддæр цы кусæнгæрзтæ бафснайдта, уыдон æмæ райдыдта физикон куыст кæнын колхозы, фæлæ йын йæ цæфтæ уый фадат дæр нæ лæвæрдтой æмæ йæ снысан кодтой хынцæг лагъздарæй. 1947-æм азы ацыд ахуырмæ æмæ æнтысгæйæ каст фæци бухгалтерон курсытæ. Уæдæй суанг абонмæ ныр 60 азы кусы колхозы, совхозы бухгалтерæй, совхоз нæм куы уыди, уæд та куыста профкомы сæрдарæй. Цалдæр хатт æй адæм равзæрстой колхозы правленийы сæрдарæй дæр. Знаджы ныхмæ хъæбатыр тох кæй кодта, уый тыххæй хорзæхджын æрцыдис Фыдыбæстæйон хæсты дыккаг къæпхæны орденæй æмæ аст майданæй.

Сабырадон дуджы йæ цæсгомджын куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд бирæ грамотатæй æмæ майдантæй. Дыууæ хаты æвзæрст æрцыд Знауыры райсоветы депутатæй дæр.

Йæ хъæубæсты Тони нымад цæуы куырыхон дзырддзæугæ лæгыл. Куыд цины фынгтыл, афтæ хъыджы фынгтыл дæр, рагæй фæстæмæ у æгъдаудæттæг, кувæг лæг. Йæ цардæмбал Цхуырбианимæ схъомыл кодтой 5 хъæбулы. Алчи дæр сæ ссардта йæ амонд. Ис сын хъæбулы хъæбултæ — 13 уды.