Тедтойтæ
мыггаг
Тедтойтæ[1] (уырыс. Тедтоевы) сты дыгурон мыггаг.
Равзæрд
ивынТаурæгъмæ гæсгæ, мыггаг баст у Ос-Бæгъатыры фырт Сидæмоны къабазыл. Цардысты Уæлладжыры комы, Ходы хъæуы. Уыдысты дыууæ æфсымæры: Ход æмæ Тæриган. Ход йæ мыггаг схуыдта йæхи номыл — Ходтæ, хъæуæн дæр лæвæрд æрцыд ацы лæджы ном. Тæриганæн та уым райгуырд йæ фырт Хъайтыхъ, уымæн та Тедтой. Хъайтыхъ æмæ Тедтойæн дæр сæ нæмттæй рауадысты мыггæгтæ. Ходы хъæуы фæзынди Хъайтыхътæ æмæ Тедтойты мыггæгтæ. Æртæ мыггаджы дæр Ходы фæцардысты бирæ рæстæг, фæстæдæр Ходтæ æмæ Хъайтыхътæ фæлыгъдысты æндæр æмæ æндæр рæттæм. Тедтойты мыггагæй сæ иу æрбалыгъд Дыгургоммæ, æрцард Уæллагкомы зылды, Дымты хъæуы. Бирæтæ сæ фæлыгъдысты быдыры хъæутæм — Къорамæ, Сындзыхъæумæ.[2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Ир, 2019. — 383 ф.
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.