Тлатты Хох
Тлатты Данелы фырт Елмæрза, йæ литературон фæсномыг — Хох (райгуырдис 1880-æм азы 17 октябры Æрыдоны — амардис 1932-æм азы 13 июлы) у ирон фыссæг.
Тлатты Хох | |
---|---|
Райгуырды датæ | 17 (29) октябры 1880 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1932-æм азы 13 июлы (51 азы) |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг |
Уацмысты æвзаг | ирон |
ЦардафыстИвын
Хох райгуырдис 1880-æм азы Æрыдоны хъæуы. Йæ фыд кодта зæххы куыст. Хох каст фæци Æрыдоны райдайæн скъола æмæ 1895 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Æрыдоны дины семинармæ. Ам бауарзта аивадон литературæ, каст уырыссаг æмæ фæсарæйнаг фысджыты уацмыстæ. 1904-æм азы йæ каст фæци æмæ ахуыргæнæгæй кусын райдыдта Зæронд Бæтæхъойыхъæуы. Ралæууыд фыццаг уырыссаг революцийы дуг.
1906-æм азы Тлатты-фырт сси Дерпты университеты юридикон факультеты студент. Уыцы азты университеты ахуыр кодта зынгæ ирон поэт-революционер Гæдиаты Цомахъ дæр. 1910-æм азы тыхтæ-амæлттæй каст фæци университет. Лæппу æрыгонæй фæцалх революцион куыстыл. Уыцы хъуыддаджы йын æнувыд æмбал æмæ разæнгардгæнæг уыди Цомахъ. Цомахъ ахст æрцыди 1908 азы, 1910 азы та йæ Сыбырмæ ахастой. Тлатты Хох æрыздæхтис Ирыстонмæ, фæлæ уый дæр уайтагъд æрцахстой. Дзæуджыхъæуæй Æрыдонмæ цыдис, афтæмæй йæм ссардтой сæрибармæ сидæг гæххæттытæ. Ахастой йæ Сыбырмæ. Семипалатинсчы къорд азы фæкуыста æвдакатæй. 1918 азы урсзгвардионтæ сахар куы бацахстой, уæд Хохы æрцахстой æмæ йæ фараст мæйы фæдардтой ахæстоны. Ардасенты Хадзыбатыр æмæ Хæдарцаты Азæ куыд фыссынц, афтæмæй уыцы рæстæджы æрцыд æнамонд хабар: Хохы фатер басыгъд æд чингуытæ, æд къухфыстытæ. Уыйадыл йæ уацмыстæй уæды онг мыхуыры чи нæ рацыд, уыдон фесæфтысты.
Амарди 13 июлы 1932 азы рæуджыты низæй.
УацмыстæИвын
Тлатты Хохы уацмыстæн сæ сæйрагдæр у публицистон радзырд «Фын».