Туаты Уæлгъа
Туаты Никъалайы чызг Ольгæ (Уæлгъа) (1886 — 1956) уыдис фыццаг ирон сылгоймаг-профессор. Цæгат Ирыстоны АССР-йы зонады сгуыхт архайæг, УСФСР-йы Сæйраг Советы депутат.
Туаты Уæлгъа | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1886 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1956 |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Цардафыст
ивынТуаты Уæлгъа, Къоста ирон сылгоймæгтæн цы ахуыргæнæн скъола бахъахъхъæдта, уый каст фæци. Амы ахуырдзауты-иу Къоста рæстæгæй-рæстæгмæ абæрæг кодта. Зыдта йæ Уæлгъа дæр, æмæ-иу æй фæстæдæр, педагогон институты ахуыргæнæгæй куы куыста, уæд йе студенттæ арæх фарстой Къостаимæ сæ фембæлдтыты тыххæй. Йæ ахуыргæнæджы куыст та райдыдта Ирыстоны хъæууон скъолайы. Бæтæхъойыхъæуы, Хъахъхъæдуры, Чырыстонхъæуы, Æрыдоны, Хъæдгæроны æмæ иннæ хъæуты бакуыста дыууадæс азы, ссæдз азы бæрц та сын фыста ахуыргæнæн чингуытæ. Йæ наукон куыстыты сæйраг темæ уыд сылгоймаджы фæлгонц: «Образ женщины в осетинском нартском эпосе», «Сылгоймаджы ссæрибар кæныны проблемæ Елбыздыхъойы драмæты», «Образ женщины в творчестве Коста» æмæ æндæртæ. Уæлгъа ма уымæй уæлдай кодта æхсæнадон куыст дæр. Уыд Цæгат Ирыстоны æмæ УСФСР-йы Сæйраг Советы депутат. Дзыллæты зæрдæтæ фæцагайдта, 1942 азы августы, немыцаг фашисттæ Ирыстонмæ куы æрбаввахс сты, уæд Дзæуджыхъæуы Цæгат Кавказы адæмтæн цы антифашистон митинг уыд, уым йæ раныхас «Все, как один, станем на защиту родного дома». Цымыдисаг сты, Уæлгъайы тыххæй 2011 азы мыхуыры Гаджиты-Туаты Лианæ цы чиныг «Она была первой» рауагъта уым цы цаутæ ис, уыдон. Ацы намысджын ахуыргонды тыххæй æрмæджытæ, ахуыргæнæн чингуыты къамтæ сты чиныджы. Æрмæджыты автортæ — Гæлуаты Аким, Дзодзыккаты Зæидæ, Наталья Агибалова, Моститы Барис, Е.Чернышова æмæ иннæтæ. Аким йæ уац «Намысы фæндагыл фыссы: «Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ тынгыл куы уыдис. Туаты Оляйы ахуыргæнинæгты дзæвгар хай æппæт советон адæмы æмрæнхъ знагимæ мæлæтдзаг тохы куы бацыдис, уæд Туаты Оля фронтæй æнæсцухæй иста писмотæ. «Мæ зынаргъ ахуыргæнæг — фыста акъоппæй Оляйы студент, курдиатджын æрыгон поэт Кочысаты Мухарбег, — ныфс мын дæттынц хæсты быдыры дæ амынддзинæдтæ, дæ бирæ рæвдыдтытæ уадзынц тых ме уæнгты. Дæ зæрдæ дар, æз цыфæнды зындзинады дæр нæ Ирыстоны кад æмæ рухс цæсгом кæй нæ фæчъизи кæндзынæн, ууыл». Туаты Уæлгъа уыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон институты профессор. Йæ науконпедагогон, æхсæнадон, патриотон куыстæн ын стыр аргъ, скодта Советон хицауад: схорзæхджын æй кодтой Фæллойадон Стыр Тырысайы орденæй, «Кавказ бахъахъхъæныны», «Намысджын фæллойы тыххæй» майдантæй, «Ушинскийы майданæй», «Адæмон рухсады отличникы» риуылдаргæ нысанæй, бирæ Кады грамотæтæй. Уыд Цæгат Ирыстоны АССР-йы наукæйы сгуыхт архайæг, УСФСР-йы Сæйраг Советы депутат[1]