Тугдартуг исыны æгъдауы комкоммæ аххосджын адæймаг, искæйы амарыны, (чызг аскъæфыны, фæхудинаг кæныны æмæ æнд.ах.) фæстæ-иу марæг (фыдгæнæг) йæхи бааууон кодта, кæй бафхæрдта, уый хæстæджытæй, цалынмæ-иу уыдон сæ маст нæ райстой (уыимæ-иу фылдæр хатт байсæфтис аххосджын нæ, фæлæ йе ’ввахс хæстæджынтæй исчи), кæнæ-иу цалынмæ æхсæнад сæ бафидауынæн исты мадзал не скодта, уæдмæ. Ирон æвзаджы тугдар æмæ тугагуры мыггæгты уæнгтæн ис сæрмагонд нæмттæ. Ацы хабар этнографион æмæ фольклорон æрмæгимæ дзурæг у ууыл, æмæм ирон адæммæ туг исыны хъуыддаг арæх кæй æмбæлд æмæ фидар æвæрд кæй уыдис.