Т(ы)латтаты Бестолы фырт Чермен (цардис XVIII-XIX æнусты Хъобаны хъæуы) у ирон адæмон хъайтар. Чермен уæздан æлдары Бестолы фырт, фæлæ номылусæй гуырд. Бирæ рæтты Чермены мады хонынц Цæлон.

Йæ кард систа Хъобаны æмæ йæ мыггаджы хъæздыджыты ныхмæ. Уыдон Бестолы мæлæты фæстæ зæххытæ уæрстой æмæ Чермены кæвдæсардыл банымадтой, æвзæр дурджын цъыфдзæстытæ йын бахай кодтой. Уæд Чермен уæздæттимæ стох кодта йæ бартыл, иннæ мæгуырты бартыл. Уыдон æргом йæ ныхмæ рацæуын нæ бауæндыдысты. Сæхиуыл æй баууæндын кодтой, æмæ йæ мæнгардæй амардтой.

Ирон дзургæ сфæлдыстады бирæ ис таурæгътæ æмæ зарджытæ Чермены номыл.

Тылаттаты Чермены зарæг ивын

Тылаттатæ нын байуæрстой
Ой, уæрæйдæ, уæй!
Æрнæджытæ, гæмæхтæ.
Черменæн дзы хай равзæрстой:
Ой, уæрæйдæ, уæй!
Цъыфдзæстытæ, къæдзæхтæ.
Бадти йæ мад æнкъардæй,
Ой, уæрæйдæ, уæй!
Арты фарсмæ къонайыл:
«Сайдзысты дæ мæнгардæй,
Ой, уæрæйдæ, уæй!
Ма-иу баууæнд Хъобаныл».
Куы фæтæрсон æз мe знæгтæй,
Ой, уæрæйдæ, уæй!
Мæ хъару ’мæ мæхæдæг,
Уæд фæхъæуон æз мe ’мгæрттæй,
Ой, уæрæйдæ, уæй!
Хæрам мын уæд дæ фæдæг!

Æддаг æрмæг ивын