Тыхостаты Саукуыдз
Тыхостаты Цорæйы фырт Саукуыдз (райгуырдис 1870-æм азы Беслæны — амардис 1941-æм азы[1]) уыд ирон педагог, балцгæнæг, фыссæг. Йæ фæстæ ныууагъта хъæздыг литературон бынтæ.[2]
Тыхостаты Саукуыдз | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1870-æм азы 16 июны |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1941 |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг |
Цардафыст
ивынСаукуыдз райгуырд Беслæны. Ахуыр кодта Стъараполы гимназы, уый фæстæ бацыд Бетъырбухы фæндæгты бастдзинады инженерты институтмæ. Курдиатджын специалистмæ равзæрст дæсныйады æнхъæлмæ каст æнтыстдзинæдтæ, фæлæ лæппу бæллыд йæ фыды уæзæгмæ æрыздæхынмæ.
Сфæлдыстад
ивынТыхостаты Саукуыдзы ном айхъуыст чиныг «Путевые очерки Ирона»-йы фæстæ. Ныффыста йæ Одессæйæ-Владивостокмæ балцы фæстæ уæлмонц æнкъарæнтæ зæрдылдардаргæйæ. Рауагътой йæ 1912 азы. Уæдæй фæстæмæ чиныг бирæ азты дæргъы нæ мыхуыр кодтой. Ныр æй 110 азы фæстæ баххæст кодтой ног æрмæджытæй, сног æй кодтой. Афтæмæй та ногæй ссис æхсæнады фидыц. Йæ рауадзыныл куыстой цалдæр азы.
Йæ ном ын нæ раивтой, фæлæ йын æрмæджытæм бафтыдтой. Балцыты тыххæй фыстæджытæй уæлдай-ма чиныджы ис ирон адæмон зарджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, автобиографион очерктæ, официалон фыстæджытæ, зындгонд фыссæджы къамтæ. Уымæй уæлдай-ма чиныгкæсджыты сцымыдис кæндзысты Тыхостаты Саукуыдзы хиуæтты мысинæгтæй дæр, уыдон та мыхуыргонд æрцыдысты фыццаг хатт.[2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Неуемная душа странника . Республиканская ежедневная газета «Северная Осетия». Датæ: 2023-æм азы 20 январы.
- ↑ 2,0 2,1 110 азы фæстæ фыццаг тахх мыхуыры рацыд чиныг «Путевые очерки Ирона» . РЦИ-Аланийы паддзахадон автономон уагдон национ телекомпани «Осетия-Ирыстон». Датæ: 2023-æм азы 18 январы.