Уæрæсейы Зæрин цæг
Уæрæсейы Зæрин цæг (уырыс. Золотое кольцо России) у, рагон уырыссаг сахартæ чи иу кæны, ахæм туристон маршрутты къорд. Зæрин цæгмæ цы цæрæнрæттæ хауынц, уыдон мидæг баззадысты архитектурон æмæ культурон фенддæгтæ, кусынц традицион дысныйæдты æрмæдзтæ.
Зæрин цæджы сæйраг аст сахары сты: Сергиев Посад, Переславль-Залесский, Ростов, Ярославль, Кострома, Иваново, Суздаль æмæ Владимир. Уыдонæй фылдæр номхыгъдмæ фæхæссынц цалдæр сахары (Гороховец, Муром æмæ æндæртæ), фæлæ уый дайуаг фарста у. Маршруты рæттæ сты Уæрæсейы æхсæз облæсты территорийыл, йæ сконды сты Владимиры, Ивановойы, Костромайы, Мæскуыйы, Тверы æмæ Ярославлы облæстытæ.
Уæрæсейы Зæрин цæг, зæгъгæ, уыцы термин чи æрымысыд, уый уыди литератор Юрий Бычков — уыцы сæргондæй уый ныффыста цалдæр уацхъуыды газет «Советская Россия»-йæн 1967-æм азы.