Фидараты Руслан

ирон поэт

Фидараты Руслан (райгуырдис 1959-æм азы, Зæронд Бæтæхъойыхъæуы) у ирон поэт æмæ нывгæнæг.

Руслан 2007-æм азы

Руслан райгуырдис Зæронд Бæтæхъойыхъæуы. Бакастис Дзæуджыхъæуы аивæдты училищейы, стæй йæм фæсидтысты æфсадмæ. Ирыстонмæ куы сыздæхтис, уæд куыста нывгæнæгæй. Бирæ хæрзты бацыдис чиныгуадзæн «Ир»-æн, журнал «Ногдзау»-æн.

Хъодзаты Æхсар ахæм аргъ кæны Русланы поэтикон фæлварæнтæн[1]:

«

Фидараты Руслан йæ сæйраг хъуыддагыл нывгæнæджы куыст нымайы. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, сусæг-æргомæй йæ тыхтæ фæлвары литературæйы дæр. Æмæ йын дзæбæх æнтысы. Поэзийы «æртæ пылыл» æнцайы (сыгъдæг монц-æнкъарæн, хъуыды æмæ хæдхуыз фæлгонц), уыдон ын бæлвырдæй рахатæн ис йе ’мдзæвгæты. Поэзийы хуымы, Къостайы загъдау, йæ риуыгъд — бæрæг. Фыссы, йæ зæрдæ йын цы дзуры, æрмæст уыдæттæ, фыссæнгарз æнæбары нæ райсы йæ къухмæ.

»

Уацмыстæ

ивын
  • Арфæ. Æмдзæвгæтæ, Дзæуджыхъæу, 2003;
  • Ныхас. Æмдзæвгæтæ, Дзæуджыхъæу, 2007.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Журнал «Мах дуг», 2008, №10