Финансон аз
Финансон аз - буджет кæдмæ сæвæрдæуы, уыцы фæткон период - сæрмагонд цæсгоймагы (бинонты, бизнесы, паддзахады æмæ а.д.) æфтийæгты æмæ хæрдзты схемæ. Афтæ ма у зонгæ, куыд буджетон аз, кæнæ фискалон аз (лат. fiscus - паддзахадон хæзнадон, къазна). 'Нæуи-иу финансон аз нæ сæмбæлы къæлиндаронимæ. Зæгъæм, АИШы, финансон аз у 1 октябырæй 30 сентябырмæ, Японы - 1 апрелæй 31 мартъимæ. Уæрæсе æмæ Израилы та финансон аз райдайы 1 январы æмæ фæвæййы 31 декабыры.