Фыдыуани у фыдмигъæй, фыдкъæвдайæ, фыддымгæйæ, фосæй быдыртæ чи хъахъхъæны, уый. У карз æмæ йын адæм хъуамæ лæгъстæ кæной. Сылгоймæгтæ-иу скодтой чъиритæ æмæм сæ быдырмæ хастой. Куывтой, цæмæй сæ бахъахъхъæна. Фыдыуани æмæ Уацилламæ ис бирæ æнгæсæнтæ.