Ханмагомедов, Бейдуллах Гаджи-Курбаны фырт
Бейдуллах Гаджи-Курбаны фырт Ханмагомедов (райгуырдис 1927-æм азы 18 августы Дагъистаны Кондичы хъæуы, амардис 1999-æм азы 28 сентябры Махачкалайы) уыд зынгæ советон æмæ уæрæсейаг лингвист, кавказзонæг, табасарайнаг æвзаг иртасæг. Ныффыста табасарайнаг æвзаджы тыххæй къорд чиныджы, тæлмац кодта дунейы литературæйы уацмыстæ табасарайнаг æвзагмæ.
Бейдуллах Гаджи-Курбаны фырт Ханмагомедов | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1927-æм азы 18 августы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1999-æм азы 28 сентябры (72 азы) |
Мæлæты бынат | |
Альма-матер | |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Цардафыст
ивынРайгуырдис 1927-æм азы Кондичы хъæуы, ныры Хивы районы, табасарайнаг фыд æмæ лекъаг мады бинонтæн. Йæ фыдæлты ’хсæн уыдис Хуссар Дагъистаны зындгонд мулкджын адæймаг Гаджи-Кутай. Йæ мады фыд та уыд историк æмæ философ, поэт æмæ рухстауæг Гасан-эфенди Алкадари.
Хивы астæуккаг скъола куы фæци, 1942-45 азты куыста районы зæхбарæн хайады статистæй, стæй зоотехникæй. 1945-æм азы бацыд педагогон институтмæ, æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ. Институт каст фæуыны фæстæ арвыстой йæ Табасараны районы Тиниты хъæуы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. 1952-æм азæй куыста Хивы астæуккаг скъолайы. 1953—54 азты, ахуырад æмæ фæсивадон политикæйы министрады хонæгмæ гæсгæ, уыд рауагъдад Дагучпедгизы табасарайнаг æвзаджы редактор. Фæстæдæр бацыдис Советон Цæдисы Зонæдты академийы Æвзагзонынады институты аспирантурæмæ.
1958-æм аз Бейдуллах Ханмагомедов бахъахъхъæдта филологон зонæдты кандидаты диссертаци, уый уыдис, табасарайнаг, лекъаг æмæ агъулаг æвзаджы тасындзаг куыд арæзт у, уый тыххæй. Уый фæстæ куыста Падагогикæйы зонадон-иртасæн институты мадæлон æвзæгты секторы, суанг ма уыцы секторы сæргълæууæг уыдис. 1970-æм азы бахъахъхъæдта докторы диссертаци табасарайнаг синтаксисы тыххæй, уыцы куысты бындурыл рауагъта чиныг «Табасарайнаг æвзаджы синтаксисыл очерктæ» («Очерки по синтаксису табасаранского языка»).
1972–1983 азты цардис Дагъистаны, куыста Дагъистаны техникон институты уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгты кафедрæйы сæргълæууæгæй.
1984-æм азы кусын райдыдта Дагъистаны зонадон центры Æвзаг, литературæ æмæ аивады институты, уым 1999-æм азы онг иртæста табасарайнаг æвзаг.
Канд морфологи æмæ синтаксис нæ иртæста, фæлæ ма бацæттæ кодта къорд чиныджы табасарайнаг скъоламæ. Æмбырд кодта табасарайнаг лексикæ, рауагъта табасарайнаг-уырыссаг дзырдуат (2001).
Тæлмац кодта Омар Хайям, Алишер Навои æмæ Низами Гянджевийы поэзи — ацы тæлмацтæ рухс федтой 2012 азы.
Бинонтæ
ивын- Йæ фыд — Гаджи-Курбан Хан-Магомедов (1877—1938), Уæрæсейы афицер, урæд æрцыд 1937-æм азы, 1938-æм азы йæ фехстой, мæлæты фæстæ реабилитацигонд.
- Хистæр æфсымæр Омар Хан-Магомедов (1901—1976), инженер, Граждайнаг æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг[1].
- Йæ фырт: аивадзонæг Селим Хан-Магомедов æмæ литературæ иртасæг Мариэттæ Чудакова.
- Хистæр æфсымæр Асадулла Ханмагомедов (1911—1974), табасарайнаг фыссæг.
- Хистæр хо Зумруд Ханмагомедова (1915—2001), табасарайнаг поэтессæ æмæ, уæлдæр ахуырад чи райста, фыццаг ахæм табасарайнаг сылгоймаг.
Сæйрагдæр куыстытæ
ивын- Система местных падежей в табасаранском языке. Махачкала: Дагучпедгиз, 1958.
- Очерки по синтаксису табасаранского языка. Махачкала: Дагучпедгиз, 1970.
- Табасаранский язык. Учеб. для пед. уч-щ. Махачкала: Дагучпедгиз, 1987.
- Орфографический словарь табасаранского языка / Г. Н. Гаджиев, Б. Г. Ханмагомедов. Махачкала: Дагучпедгиз, 1989.
- Табасаранско-русский словарь (Табасаран чӏалнанна урус чӏалнан словарь): Ок. 25000 слов / Б. Г.-К. Ханмагомедов, К.Т. Шалбузов; Под ред. К.К. Курбанова. М.: Наука, 2001.
- Современный табасаранский язык / З. М. Загиров, В. М. Загиров, К. К. Курбанов, Б. Г.-К. Ханмагомедов, К. Т. Шалбузов. Махачкала: ИЯЛИ ДНЦ РАН, 2014.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ В.Б. Бесолов. ВЫДАЮЩИЙСЯ РОССИЙСКИЙ УЧЕНЫЙ, ГРАЖДАНИН И ПАТРИОТ АКАДЕМИК АРХИТЕКТУРЫ СЕЛИМ ОМАРОВИЧ ХАН-МАГОМЕДОВ Архивгонд æрцыдис 16 ноябры 2017 азы. // ВЕСТНИК ИНСТИТУТА ИАЭ. 2012. № 1. С. 81-94.(09.01.1928-3.05.2011)