Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музей
Ирон литературæйы музей у Дзæуджыхъæуы историон центры, йæ адрис у Музейы фæрсуынг, 3-æм хæдзар. Музей хæссы зындгонддæр ирон поэт Хетæгкаты Къостайы ном.
Музейы бæстыхай у кæддæр Терчы облæсты музейы хæдзар, кæцы у Уæрæсейы культурон бынты объект (№ 1500000227). Музейы бæстыхай аразын байдыдтой 1907-æм азы архитектор Иван Рябикины проектмæ гæсгæ..
Фæстæдæр республикæйы бæстæзонæн музей æндæр ранмæ ралидзын кодтой (ныртæккæ у Сабырдзинады проспектыл). 1940-æм азы ацы бынаты ис ирон литературæйы музей.
Æддаг æрмæг
ивын- Музейы тыххæй Архивгонд æрцыдис 29 январы 2020 азы.