Хуссар Китайы денджыз

денджыз

Хуссар Китайы денджыз[1] у æрдæгæхгæд денджыз Хуссар-Скæсæн Азийы, æрдæгсакъадах Индокитай æмæ сакъадæхтæ Калимантан, Палаван, Лусон æмæ Тайваны ’хсæн. Хауы Австрали-Азийы зæххастæуы денджызы бассейнмæ, Индийы æмæ Сабыр фурдты ’хсæн.

Хуссар Китайы денджыз
Характеристикæ
Фæзуат3 537 289 км²
Гуырахст3622 мин км³
Стырдæр арф5560 м
Астæуккаг арф1024 м
Ран
12°11′18″ с. ш. 113°13′35″ в. д.HGЯO
Ази
Хуссар Китайы денджыз
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Йæ фæзуат у 3 537 289 км², иууыл арфдæр ран — 5560 м.

Уæлцъар доны температурæ февралы вæййы цæгаты 20 °С, хуссары та 27 °С, августы температурæ схизы 28–29 °С-мæ æгас фæзуатыл. Доны цæххы бæрц у 32-34 ‰. Сæрдыгон æмæ фæззæджы арæх вæййы тайфунтæ.

Китайæ, Японæй æмæ Уæрæсейæ Сингапуры донкъубалмæ чи цæуы, уыцы наутæ Хуссар Китайы денджызы сæ цыд аразынц Сæйраг денджызвæндагыл. Ацы фæндаг у тæккæ цыбырдæр æмæ æдасдæр. Сæйраг денджызвæндагыл наудзугæнджытыл цы фактортæ æндавы, уыдонæй сæйрагдæр у муссонтæ, стæй сæ тынг хъыгдарынц тайфунтæ.

Хуссар Китайы денджызы стырдæр бакæлæнтæ сты Тонкины (Бакбо) æмæ Сиамы бакæлæнтæ. Дынджыр сакъадах — Хайнань.

Денджыз хъæздыг у биологон ресурстæй. Амалиуæджы кæсæгтæ сты тунец, сельдь, сардинтæ æмæ æнд.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.