Хуыгаты Анатолийы фырт Алан (райгуырдис 1989-æм азы 27 апрелы Дзæуджыхъæуы) — грекъ-ромаг хъæбысхæсты æхсæнадæмон къæпхæны спорты мастер, æхсæнадæмон серийы турнир «Гран-при Иван Поддубный»-ы уæлахиздзау (2012), Уæрæсейы чемпион (2012), Европæйы чемпионаты æвзист призёр (2011-æм аз), Сæрдыгон Олимпаг хъæзтыты чемпион (2012).[1]

Хуыгаты Алан
Иумæйаг информаци
Æрд нæлгоймаг[d]
Бæстæ
Специализаци хъæбысхæст[d] æмæ грекъ-ромаг хъæбысхæст[d]
Райгуырды датæ 1989-æм азы 27 апрелы(1989-04-27) (35 азы)
Гуырæн бынат
Ас 178 см
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Лондоны олимпиадæйы грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй ерысты Алан рамбылдта сызгъæрин майдан. 84 килограммы онг уæзы хæцгæйæ, финалы фæуæлахиз ис Карам Мохаммед Габер Ибрагимæн.

2019-æм азы августæй кусы Цæгат Ирыстоны спорты министрæй.

Хорзæхтæ æмæ кады нæмттæ

ивын
  • Æхсæнадæмон къæпхæны Уæрæсейы спорты мастер
  • Лондоны олимпаг чемпион (2012)

Фиппаинæгтæ

ивын