Хъæлдзæг нымæт – уæрæсеон компани, кæцы кусы социалон амалхъомады фадыджы. Бынат кæны сахыр Рыбинскы, Ярославлы облæсты.[1] Бындур æвæрд уыд 2008-æм азы дыууæ бинойнаг Павел Гаврилов æмæ Лия Виснапуйæ.[2] Компани уадзы сувенирон продукции нымæтæй æмæ ахуыр кæны нымæт уæрдыны техникæйы.

Истори ивын

Социалон амалхъомады куыстуат «Хъæлдзæг нымæт»-ы аразыны идея сывзæрд Гавриловтæм Фонд Оксфамы семинарты архайды фæстæ.[1]

2006-æм азы нывгæнджытæ декоратортæ Павел Гаврилов æмæ Лия Виснапу фыццаг хатт базонгæ сты нымæты хус уæрдыны технологиимæ куклаты театрæн декорацитæ кæныны рæстæг. 2008-æм азы сывзæрд идея саразын сфæлдыстадон æрмадз уæрæх адæмы къордтæн, адæмон амалиуæг æхсызгон кæмæн у, уыдонæн.[2] Уый фæрцы, адæм, фæлтæрд зондамонджыты уæлхъус, араздзысты хъазæнтæ нымæтæй, æмæ цæ уый фæстæ уæй кæнын. 2008-æм азы тъæнджы мæйы æмбырд уыд фыццаг къорд 15 бирæзæнæгджын мадæлтæй æмæ сæ сывæллæттæ инвалидтæ кæмæн сты, уыцы мадæлтæн. Хъуамæ цæ карзæй хъæуид хца, уыимæ цын бар нæ уыд хадзарæй бирæ рæстæгмæ цауын.[3]

Хуымгæнæны мæйы фыццаг дзауматæ уыдысты рвыст равдыстмæ Мæскуымæ, уым фæцыдысты адæмы зæрдæмæ. Рывдысты сарæзтой фыццаг дæргъвæтин бадзырдтæ æмгуыстады тыххæй.[2]

Фæстæдæр сæ проект сси Фонд «Нæ фидæн»-ы цы социалон амалиуæгдарты хсæн конкурс аразы, уый уæлахиздзау. Фонд цын радих кодта грант 300 мин сомы. Уыдонмæ бафтыдтой сæхи 200 мин сомы, æмæ райдыдтой сæ бизнес аразын.[4] Сæ фæндты уыд æрыгон мадæлтææй уæлдай, куыстмæ бафтауын фæсивæды æмæ пенсионерты дæр, фæлæ æнтыстдзинад уыцы фæлварæнтæ не рбахастой[1].

Концепци ивын

Ныры домæнтæм гæсгæ, ног уæрдынджыты къордтæ æмбырд кæнынц афæдз æртæ хатты. Дыууæ мæйы цæ фæкæнынц ахуыр, æппæт æрмæгтæ ахуырдзаутæн дæттынц лæвар. Дарддæр адæм кусын райдайынц компанийы æвдæлон рæстæджы, сæхимæ гæсгæ бæрæг кæнынц куысты хъæугæ бæрцуат. Бадзырды ма ис тобæ хæдбарæй Гавриловы дизайны конд продукци уæй кæныныл.[5]

Кусджытæн сæ хца фидынц, куыддæр дзаума саразой, афтæ. Сæ мызд та цын нымайынц, цал сахаты бакуыстой, уымæй. Бинойнæгтæ ныффыстой алы хъазæн саразыныл хъуамæ цас сахаты хардз кæна кусæг, уымæ гæсгæ цын фидынц гонорар. Мæй «Хъæлдзæг нымæты» кусджытæ исынц 3000 сомæй 15 000 соммы онг.

Компанийы лхæнджыты сты лæвæртты дуканитæ Мæскуыйы, чингуыты дуканитæ, сувенирон дуканитæ æмæ дыдинджыты дуканитæ,[1] бензинкæнæн станцæтæ.[6] Сындæггай продукци райдыдтой уæй кæнын Уæрæсейы иннæ регионты дæр. Стыр ахадындзинад хъазæнтæ куыд уæй цæуынц уымæ дары цавæр созон у, уый. Нымæт хъазæнтæ хуыздæр лхæнынц афæдзы дыккаг хайы, Сæ фылдæр хай та лхæд æрцæуынц Ног азы барæгбæтты агъоммæ.[1]

Базар цæуы гыццыл партитæй – иу лхæнæг 30 мин соммæ хæстæг. Продукци æввонг кæнынц квартæлы дыууæ хаты. Иу хъазæнæн йæ аргъ вæййы 800-1000 сомы. Компанийы афæдзы æрзылд хæстæг кæны 1,5 милуан сомы. Сæ æфтиаг та у 20%.[1]

Æддаг æрмæг ивын

Фиппаинæгтæ ивын