Хъайттаты Тотырбеджы фырт Сергей (райгуырдис 1920-æм азы 7 ноябры Цъамады — амардис 2010-æм азы 8 мартъийы Дзæуджыхъæуы) у зындгонд ирон фыссæг, драматург.

Хъайттаты Сергей
Райгуырды датæ 1920-æм азы 25 октябры(1920-10-25)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2010-æм азы 8 мартъийы(2010-03-08) (89 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг
Уацмысты æвзаг уырыссаг
Хорзæхтæ
Сырх Стъалыйы орден

Цардафыст ивын

1938 азы Уыналы скъолайы аст къласы каст куы фæцис, уæд бацыд педагогон техникуммæ, фæлæ дзы æххæст нæ бакаст – афицерты скъоламæ аивта йæхи.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хæдразмæ райста афицеры цин æмæ знаг нæ бæстæмæ куы ’рбабырста, уæд фыццаг бонæй фæстæмæ уыди тохы цæхæры. Сси батальоны командир. Сгуыхтæй фæцыд хæстон фæндæгтыл, цалдæр хатты фæцæфтæ. Хорзæхджын у бирæ ордентæ æмæ майдантæй.

Йæ ном дæрдтыл айхъуыст йæ фыццаг уацау «Æнæном обау»-ы фæстæ. Уый мыхуыры фæзынд 1949 азы æмæ сси уæды фæсивæды уарзондæр уацмыстæй иу.

Уæдæй нырмæ ныммыхуыр кодта къорд чиныджы, Ирон театры сценæйы йын сæвæрдтой дзæвгар пьесæтæ – «Таймураз», «Æхсар æмæ Дзерассæ», «Дидинæг æмæ хъама», «Куырдуаты бадæг» æмæ æндæртæ. Йæ драмæ «Мады зæрдæ» та Ирыстонæй уæлдай æвдыстой ссæдз театрæй фылдæр — Советон Цæдисы алы рæтты, стæй Болгарийы.

Йе сфæлдыстады сæрмагонд бынат ахсынц этнографион æрмæджыты бындурыл арæзт чингуытæ «Ирон хабæрттæ» æмæ «Ирон кæлмæрзæн».