Хъаныхъуаты Ларисæ

Хъаныхъуаты Харитъоны чызг Ларисæ (райгуырдис 1951-æм азы 11 июлы Дзæуджыхъæуы) у советон æмæ уæрæсейæг композитор, педагог, Республикæ Цæгат Ирыстон—Аланийы композиторты цæдисы ныхасы сæрдары хæдивæг. Уæрæсейы Федерацийы аивады сгуыхт архайæг (1993). ССРЦ-йы композиторты цæдисы уæнг 1975-æм азæй.

Хъаныхъуаты Ларисæ
Райгуырды датæ 1951-æм азы 11 июлы(1951-07-11) (73 азы)
Райгуырæны бынат
Бæстæ Советон Цæдис Советон Цæдис
Уæрæсе Уæрæсе
Професситæ композитор, педагог
Сфæлдыстады азтæ 1969
Инструменттæ фортепиано
Хорзæхтæ
Уæрæсейы Федерацийы аивæдты сгуыхт архайæг

У 3 симфонийы, 5 кантаты, бирæ хорон. вокалон, инструменталон циклты, камерон æмæ программон зæлвидыц, кино æмæ спектаклтæн зæлвидыцы автор.

Цардафыст

ивын

Каст фæци Дзæуджыхъæуы зæлвидыцон ахуырдон, стæй та ахуырмæ бацыд Мæскуыйы консерваторимæ композицийы факультетмæ, Арам Хачатуряны къласмæ.

1975-æм азы сгуыхтæй каст фæци консерватори, йæ дипломон куыст уыд «Бæрæгбонон увертюрæ», æмæ уый æххæст уыд Мæскуыйы паддзахадон симфонион оркестрæй Дудараты Вероникæйы сæрдариуæджы бын, Мæскуыйы консерваторийы Стыр залы.

1975-æм азы райстой йæ ССРЦ-йы композиторты цæдисмæ.

1982—1985 азты ахуыр кодта Мæскуыйы консерваторийы аспирантурæйы, амыдта дзы профессор А. С. Леман.

Хъаныхъуаты Ларисæ уыдис бирæ æвзонг композиторты конкурсты жюрийы уæнг.

2004-æм азæй у директор æмæ аивадон сæргълæууæг уымæй арæзт Паддзахадон композицийы зæлвидыцон скъолайы сахар Дзæуджыхъæуы.[1]

Цæры æмæ куысы Дзæуджыхъæуы.

Хорзæхтæ

ивын
  • УФ-ы сгуыхт аивады архайæг (1993)
  • ЦИ АССР-ы сгуыхт аивады архæйæг (1986)
  • I Æхсæнадæмон композиторты конкурс Берны лауреат (Швейцари, 1990)

Фиппаинæгтæ

ивын

Æрвитæнтæ

ивын