Хъулаты Елхъаны чызг Агуындæ (райгуырдис 1975-æм азы 29 декабры Дзæуджыхъæуы) у уæрæсейæг оперон зарæггæнæг (меццо-сопрано), 2014-æм азæй у Мæскуыйы Стыр театры солист, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист (2018).

Хъулаты Агуындæ
Иумæйаг информаци
Райгуырды датæ 1977-æм азы 29 декабры(1977-12-29) (46 азы)
Райгуырæны бынат
Бæстæ
Професситæ оперон зарæггæнæг
Хъæлæс меццо-сопрано[d]
Инструменттæ фортепиано[d]
Жанртæ оперæ æмæ романс[d]
Хорзæхтæ
Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст

ивын

Райгуырдис Дзæуджыхъæуы, ирон бинонты. Йæ фыд, Хъулаты Владимиры фырт Елхъан (1935—2002) уыдис оперæ æмæ эстрадæйы зарæггæнæг, æмæ йæ мад, Третьяк Борисы чызг Иринæ дæр, уыд оперон зарæггæнæг.

1993—1996 азты ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы аивадон ахуырдоны дирижергæныны хайады (Хосроты Т.А-йы кълас).

1996—2005 азты ахуыр кодта С.В. Рахманиновы номыл Ростовы паддзахадон консерваторийы хорон дирижергæнæны факультет (каст фæци 2000-æм азы) æмæ вокалон факультеты (каст фæци 2005 азы).

2003—2005 азты ахуыр кодта Галинæ Вишневскайы Оперон зæрыны центры (Г.П.Вишневскайы къласы).

2005-æм азы æрхуыдтой йæ Стыр театрмæ, С. С. Прокофьевы оперæ "Хæст æмæ сабырдзинад" Соняйы парти сæххæст кæнынмæ. Дирижёр уыд А. А. Ведерников.

Ацы азы дæр æрхуыдтой йæ Е. В. Колобковы номыл Мæскуыйы театр "Ног оперæ"-мæ, æмæ дзы куыста 2014-æм азы онг.

2009-æм азæй у Новосибирскы оперæ æмæ балеты театры æрхуынд солист, æххæст дзы кодта уыцы партитæ: Кончаковна («Кънйаз Игорь» А. Бородин), Кармен («Кармен» Ж. Бизе), Полинæ («Пиковая дама» П. Чайковский), Любаша («Царская невеста» Н. Римский-Корсаков).

2014-æм азы ноябрæй — Стыр театры солист.

2015-æм азы 14 июлы Стыр театры историон сценæйыл æрцыд Ж. Бизейы оперæ "Кармен"-ы премьерæ, Хъулаты Агуындæ дзы сæйраг парти æххæст кодта.

2016-æм азы æххæст кодта "Кармен"-ы сæйраг парти Франко Дзефирелли сæвæрды, Арена де Веронайы сценæйыл.

2017-æм азы сæххæст кодта Кончаковнайы парти оперæ "Кънйаз Игор"-ы (Дмитри Черняковы сæвæрд) Нидерландты оперæйы сценæйыл.

2018-æм азы сæххæст кодта Ульрикæйы парти оперæ "Бал-Маскарады" Израилы оперæ сценæйыл.

2019-æм азы сæххæст кодта сæйраг парти оперæ "Кармен"-ы Токиойы оперæйы æмæ Прециозиллæйы парти оперæ "Хъысмæты тых"-ы Немыцаг оперæйы Берлины.

Иумæ куыста бирæ зындгонд дирижертимæ: Геннадий Рождественский, Владимир Федосеев, Юрий Симонов, Владимир Минин, Михаил Плетнев, Александр Ведерников, Сохиты Туган æмæ афтæ дарддæр.

Бинонтæ

ивын
  • Фыд — Хъулаты Владимиры фырт Елхъан (1935—2002), оперон æмæ камерон зарæггæнæг (баритон), композитор, Уæрæсейы адæмон артист. Цæгат Ирыстоны оперæ æмæ балеты театры солист (1969—2002).
  • Мад — Хъулаты Борисы фырт Иринæ (æцæг мыггаг — Третьяк), оперон зарæггæнæг (сопрано).
  • Æфсымæр — Хъулаты Елхъаны фырт Алан (райгуырдис 1964 азы) — оперон зарæггæнæг.
  • Хо — Хъулаты Елхъаны чызг Ася.
  • Мой — Алексей Татаринцев (райгуырдис 1981 азы) — оперон зарæггæнæг (тенор), Мæскуыйы театр "Ног оперæ"-йы солист.
    • Фырт — Даниил
    • Чызджытæ— Виолетта и Амелия

Партитæ

ивын

Стыр театры

ивын
Хабанера Кармен в исполнении Агунды Кулаевой (Большой театр, 2017)
  • Соня («Война и мир» С. С. Прокофьев, 2005)
  • Любашæ («Царская невеста» Н. А. Римский-Корсаков, 2014)
  • Княгиня Эболи («Дон Карлос» Дж. Верди, 2014)
  • Митын Æхсин (История Кая и Герды С. Баневича, 2014)
  • Кончаковна («Князь Игорь» А. Бородин, 2014)
  • Полинæ («Пиковая дама» П. И. Чайковский, 2015)
  • Кармен («Кармен» Ж. Бизе, 2015)
  • Лаурæ («Каменный гость» А. С. Даргомыжский, 2016)
  • Маргаритæ («Осуждение Фауста» Г. Берлиоз, 2016)
  • Весна-Красна («Снегурочка» Н. А. Римский-Корсаков, 2017)
  • Маринæ Мнишек («Борис Годунов» М. П. Мусоргский, 2019)

Æндæр репертуар

ивын
  • Марина Мнишек («Борис Годунов» М. П. Мусоргский)
  • Азучена («Трубадур» Дж. Верди)
  • Графиня, Полина и Гувернантка («Пиковая дама» П. И. Чайковский)
  • Любаша, Дуняша («Царская невеста» Н. А. Римский-Корсаков)
  • Женя Комелькова («Зори здесь тихие» К. Молчанов)
  • Арзаче («Семирамида» Дж. Россини)
  • Кармен («Кармен» Ж. Бизе)
  • Далилы («Самсон и Далила» К. Сен-Санса)
  • Княгиня Эболи («Дон Карлос» Дж. Верди)
  • Соня («Война и мир» С. С. Прокофьев)
  • Кончаковна («Князь Игорь» А. П. Бородин)
  • Лель («Снегурочка» Н. А. Римский-Корсаков)
  • Ольга («Евгений Онегин» П. И. Чайковский)
  • Ратмир («Руслан и Людмила» М. И. Глинка)
  • Дзита («Джанни Скикки» Дж. Пуччини)
  • Золушка («Золушка» Дж. Россини)
  • Сантуцца, Лола («Сельская честь» П. Масканьи)
  • Маддалена («Риголетто» Дж. Верди)
  • Фенена («Набукко» Дж. Верди)
  • Флора («Травиата» Дж. Верди)
  • Марфа («Хованщина» М. П. Мусоргского)
  • Амнерис («Аида» Дж. Верди)
  • партия меццо-сопрано Реквиемы Дж. Верди.

Хорзæхтæ

ивын
  • Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист (2018).
  • Республикæ Цæгат Ирыстон—Аланийы сгуыхт артист (2015).
  • Борис Христовы номыл Æхсæнадæмон æвзонг оперæйы зарæггæнджыты конкурсы III-æм премийы лауреат (Софи, Болгари, 2009 г.)

Фиппаинæгтæ

ивын

Æрвитæнтæ

ивын