Хъулон хъил
Хъулон хъил — раздæр æрдхорд æмгæртты фæтк æххæстгæнгæйæ кæмæй пайда кодтой, ахæм кульон предмет. Уыдис даргъ хъил, сфæлындыдтой-иу æй алыхуызон хъуымацы гæппæлтæй (æппæты фылдæр æртæ хуызы); уый уыдис тырысайы хицæн хуыз æмæ нысан кодта, йæ быны-иу чи æрбамбырд ис, уыдоны иудзинад. Хъулон хъилы бын-иу сæ хæцæнгæрзтæ æрæвæрдтой, æрдхорд æмгæртты фæтк кæй тыххæй æххæстгонд цыдис, уыцы лæппу фæсивæд; хъилмæ къухæй æндзæвгæйæ-иу ард бахордтой сæ иузæрдиондзинадыл.