Хъупта кæнæ Хъубта[1] у хъæу Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы, кæддæры Куыдзеты мыггаджы хъæу. Ныр бирæ азты дæргъы æдзæрæг у.

Хъæу
Хъупта
42°19′35″ с. ш. 44°18′35″ в. д.HGЯO
Паддзахад Хуссар Ирыстон Хуссар Ирыстон
Район Цхинвалы район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 0 адæймаджы
Хъупта (Хуссар Ирыстон)

Истори ивын

Хъæуы ном Хъупта кæцæй равзæрдис, уый ничи зоны.

Цæмæй Цхинвалæй Хъуптамæ бацæуай, уый тыххæй фæндаг цæуы ахæм хъæутыл: Еред, Уанат, Хъуыриа, Белот, Сацхенет, Зонкъар, Ацъырсхеу, Цъипор, Самбиат æмæ дарддæр бахæццæ уыдзынæ Хъуптамæ.

Цхинвалæй Хъуптамæ фæндаг никуы ничи сбарста. Æмæ йын сбарæн дæр куыд ис, кæд æмæ Зонкъарæй мидæмæ къахвæндаджы йеддæмæ хуыздæр фæндаг нæй. Цыдысты дзы къахæй æмæ бæхтыл. Æввæхсты нымайгæйæ Цхинвалæй Хъуптамæ хъуамæ уа сæдæ километрæй фылдæр. Иннæ фæндаг та цыдис Бендеры рæгътыл, Медзыдагомыл æмæ хызти Тбилисы ’рдæм. Фæлæ ацы дыккаг фæндагыл дæр галуæрдон æдæрсгæ нæ цыдис, къул рæтты йе ’нцой лæууын хъуыдис.

Хъупта у сыгъдæг хæхбæстæ, нæй дзы фæзтæ. 1930-æм азты ма дзы чи царди, уыдонæн сæ хæдзæрттæ уыдысты зæй рацæуæнæй æдас рæтты. Тынг къул бæстæ бæрзонд рæгътимæ кæй уыдис, уымæ гæсгæ дзы зæйтæ цыдис арæх.

Цæрджытæн сæ сæйраг куыст уыдис фосы куыст. Алы хæдзары дæр уыдис бирæ фос, хъом, алкæмæ дæр 8-10 хъуджы, кусæг фос. Зæххы куыст кодтой тынг чысыл. Уалдзæг-иу дыгай хæдзæрттæй сæ галтæ иумæ баифтыгътой æмæ дзывыр-гутонæй хуым кодтой. Сæ хуымтæ уыдысты иууылдæр къул рæтты. Хъацæнтæ баласæн сæм нæ уыдис, æмæ азæй-азмæ мæгуыр кодта хуымзæхх. Таугæ та кодтой æрмæст хъæбæрхор æмæ картоф. Халсартæ сæм нæ зади. Хизæнуæттæ æмæ уыгæрдæнтæ сын уыдис тынг бирæ. Хойрагæй сын цы нæ фаг кодта, уый æлхæдтой урсагæй, цыхт æмæ царвæй. Сабаты, сихормæ ’ввахс, дæ бæхыл бавæр уаргъ, урсæгтæ æмæ араст у Цхинвалы базармæ. Ныххæццæ уыдзынæ хуыцаубоны базары афонмæ. Ауæй кæн дæ уæййæгтæ, балхæн, цы дæ хъæуы, уыдон, уыимæ, æнæмæнг, бæхыуаргъ хойраг (къада куырæйттæ сæхимæ уыдис) æмæ та фæстæмæ дæ фæд-фæд къуырисæры райсомæй уæхимæ уыдзынæ. Фос дæр афтæ кодтой уæймæ.

Нæ сæм уыдис дыргъдæттæ дæр, фæлæ хуссарвæрсты хъæд уыдис æмыдзаг алыхуызон хъæддаг дыргътæй. Уыдонимæ тынг бирæ кæрдотæ, фыццаг митрауарды фæстæ тагъд чи арæгъæд вæййы, ахæмтæ: тамачъи, нымæткъуы, цъуй æмæ æндæртæ. Хъæдтæ дзы уыдис, зæйтæ кæм нæ цыдис ахæм рæтты.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Дудайты Г.Д. Бихъаргом. – Цхинвал: Республика, 2012 – 76 с.