Цæгат-кавказаг æвзæгтæ

Цæгат-кавказаг æвзæгтæ сты абхазаг-адыгъейаг æмæ нахаг-дагъистайнаг æвзæгтæ иугæнæг къорд. Уыцы къорды æвзæгтыл дзурынц 3,5 милуан адæймаджы бæрц.

Цæгат-кавказаг æвзæгты къорд

Цæгат-кавказаг къорд иуæй-иу лингвисттæ разæвæрынц уый тыххæй æмæ, ныхас кæууыл цæуы, уыцы æвзæгты ’хсæн ис лексикон æмцаутæ. Цæгат-кавказаг иудзинады теорийыл чи хæцы, уыдонæй зынгæдæр у Уæрæсейаг иртасæг Сергей Старостин — уыцы гипотезæ сфидар кæнынæн уый рауагъта цæгат-кавказаг æвзæгты этимологион дзырдуат (1994)[1].

Цæгат-кавказаг æвзæгтæ сæ равзæрдмæ гæсгæ иу къорд кæй сты, уыцы гипотезæйы ныхмæ баззайынц бирæ лингвисттæ. Уыдон куыд хъуыды кæнынц, лексикон æмцаутæ сты, уыцы æвзæгтæ даргъ рæстæг кæрæдзийы сыхæгтæ кæй уыдысты, æрмæст уый æвдисæг (уыимæ уыцы æмцаутæ бындурон дзырдуаты не сты). Сæ фонетикæмæ гæсгæ дыууæ æвзæгты къорды иухуызон бынтондæр не сты, зæгъгæ. Уыцы ахуыргæндтæ хуыздæрæн исынц цæгакт-кавказаг æвзæгтæ дыууæ хицæн къордтыл нымайын, се ’хсæн цы иухуызондзинæдтæ и, уыдон та сты кавказаг æвзæгты цæдисы миниуджытæ.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Nikolaev S.L., Starostin S.A. A North Caucasian etymological dictionary. Moscow, 1994. Онлайн у