Цæрæктæ[1][2] (уырыс. Цараковы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Сæ рагфыдæлтæ цардысты Уæлладжыры комы Луары. Иу хатт зæххæнкъуыстæй Луар æрлæбырд, æмæ йæ цæрджытæ алырдæм фæлыгъдысты. Уыцы адæмы ‘хсæн уыд Цæразонты Сихъойы фырт дæр. Йæ ном хуынд Сæхæг. Хуыдтой йæ алантæй, уыд хорз цуанон. Иу хатт цуаны амардта дзæбидыр, куы йæм бацыд, уæд дзæбидыры цур баййæфта æндæр цуаноны. Уый загъд райдыдта, æз, дам, амардтон дзæбидыры, зæгъгæ. Сæхæг цуаноны хæцæнгарзмæ æркаст æмæ дзы æхст не ‘рцыд, фаттæ сæ бынаты сты, уый куы федта, уæд æм фæрсæджы каст бакодта. Лæг куы бамбæрста, хинæй ницы рамбулдзæн, уæд лæгъстæмæ фæцис, бирæ цæуæт, дам, мын ис æмæ сыдæй мæлынц, æмæ, дам, мын дæ дзæбидырæй фæхай кæн. Дæн, дам, Ходыхъæуккаг Хъайтыхътæй. Сæхæг сын фæтæригъæд кодта æмæ йын радта æртæ хайы. Дыууæ цуаноны схæлæрттæ сты. Рæстæг цыд. Сæхæг цыппар фырты хицау ссис: Маккæ, Толпар, Золой æмæ Цæрæк. Йæ бирæ бинонтæн нæуæг цæрæнбынат агурыны фæнд скодта Сæхæг. Йæ лымæн Хъайтыхъты фырты амындмæ гæсгæ рацыд Стыр Мызурмæ. Таурæгъы дарддæр дзырд цæуы Сæхæг Ксурты хæдзар куыд арæзта, æмæ йæ Баскъатæ куыд нæ уагътой. Уæд сæ кæйдæр амардта, йæхæдæг хохмæ алыгъд. Сæхæгæн йæ туджджынтæ йæ фæдыл зылдысты, фæлæ сæ къухы не фтыд. Уæд балхæдтой Хъайтыхъы фыртæн йæ усы æфсымæры — Мысты. Уый сын бацамыдта Сæхæджы бынат æмæ йæ амардтой. Хъайтыхъты лæг хуынд Уæрдæс. Уæрдæс тынг фæмаст кодта, йæ лымæн Сæхæг мард кæй æрцыд, ууыл.[3]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  3. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.