Цомартаты Бесланы фырт Батыр (1913—1945) у ирон хæстон æмæ поэт.

Цардафыст ивын

Батыр райгуырдис 1913-æм азы Гæналы хъæуы, фæстæдæр йæ бинонтæ ралыгъдысты Комсомольскы хъæумæ. Авдазон скъола уым куы фæци, уæд бацыдис Цæгат Ирыстоны педагогон техникуммæ, ахуыргæнæгæй кусын райдыдта хъæууон скъолайы.

1933-æм азы Батыр ахуыр кæнынмæ ацыдис Калинины танкистты скъоламæ, уый фæстæ бацархайдта Испанийы мидхæсты фашистты ныхмæ тох кæнгæйæ. Уым фæцис уæззау цæф.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ногæй тох кодта фронты, ногæй фæцæф æмæ бирæ рæстæг уыдис æфсæддон рынчындоны. Уый фæстæ куыста Фрунзейы номыл хæстон академийы. Йе ’нæниздзинад æвзæрæй æвзæрдæр кодта, æмæ 1945-æм азы Батыр амардис.

Йæ къухфыстытæ æмæ æвдисæндартæ æфснайд сты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы.

Литературæ ивын

  • Мах дуг. 2005 азы 5-6 иугонд номыр. Ф. 305-306.