Цуанон æвзаг кæнæ цуанæтты æвзагцуаны кæмæй пайда кæнынц, ахæм хицæн æвзаг, цуанон терминтæ дзы хуынд цæуынц фæсномыгæй. Зæгъæм, ирон цуанæттæ хъæддаг хуыйы бæсты дзырдтой «ссырджын», арсы хуыдтой «зылынвад», саджы «сыкъаджын» æмæ аф.д. Цуанæтты æвзаг дæр бирæ æндæр магион мадзæлтты хуызæн фæзынд цуан фæрæстмæ кæныны тыххæй: фæсномыг ныхасы руаджы ирон цуанæттæ хъавыдысты сæ фæндтæ Æфсатийæ æмæ, цуан цы сырдтыл кодтой, уыдонæй басусæг кæнын.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.