Цъæхилты Мустафайы фырт Йахйа (тур. Yahya Alpay; райгуырдис 1920 азы, Турчы — амардис 2004 азы) уыдис ирон поэт.

Цъæхилты Йахйа
тур. Yahya Alpay
Райгуырды датæ 1920
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2004
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт

Цардафыст ивын

Йахйа райгуырдис Турчы, Бозат, зæгъгæ, уыцы хъæуы. Йæ фыдæлтæ алыгъдысты Ламардонæй 1864 азы.[1] Лæппуйы фыд Мустафа къорд азы фæцардис Бруты, уыдис молло. Йахйа бакастис Бозаты хъæуы æртæкъласон скъолайы, стæй та Хъарсы иуæндæсазон скъолайы. 1941 азы йæм фæсидтысты æфсадмæ, ссис афицер. Уый фæстæ 30 азы дæргъы уыдис паддзахадон куысты. Амардис 2004 азы.

Йахйайы æмдзæвгæтæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1995 азы Дзæуджыхъæуы.[2]

Йахйайы æмдзæвгæ ивын

Мах дæр уыдыстæм

Мах дæр уыдыстæм
Кавказаг,
Мадæй, фыдæй, фыдыфыдæй.
Мах дæр уыдыстæм
Ахъаззаг,
Æгъдауæй, кондæй,
Уындæй.
Мах дæр уыдыстæм
Ирон,
Цухъхъайæ, бæрцæй,
Хæдонæй.
Цухъхъа нал дарæм,
Куырæт дæр,
Фæцух стæм
Не ’взагæй дæр.
Цы ма ис амæй
Риссагдæр?..
Уæддæр
Нæма æрцыди
Нæ уарзондзинады
Кæрон...

Æддаг æрмæг ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.
  2. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012