Цыбыр бæрнады æхсæнад

Цыбыр бæрнады æхсæнад (ЦБÆ) — цалдæр юридикон æмæ/кæнæ физикон гоймæгтæй конд хæдзарадон æхсæнад, уагæвæрдон капитал хæйттыл дихтæгонд кæмæн у, ахæм; æхсæнады хайадистæ йын йæ хæсисттыл бæрнад нæ дæттынц æмæ хæссынц æхсæнады архайдимæ баст зианы рисктæ, æхсæнады уагæвæрдон капиталæй цæм цы хæйттæ хауы, уый аргъы арæнты.

ЦБÆ-йы экономикон мидис ивын

Цыбыр бæрнады æхсæнад æндæр хæдзарадон æхсæнæдтимæ, æмæ хæдзарадон æмбаладтимæ, кондадон кооперативтимæ, паддзахадон æмæ муниципалон унитарон куыстуæттимæ сты коммерцион организацитæ, ома, организацитæ, кæдонæн сæ архайды сæрмагонд нысан у æфтиуæг райсын, æмæ й' адихкæнын хайадисджыты ’хсæн.

Паддзахадон æмæ муниципалон унитарон куыстуæтты хъуаджы, кæдонмæ сæ быднурæвæрджытæ дарынц сæрмæмулчы бартæ, кæнæ æндæр дзаумон уагæвæрд, ЦБÆ-тæ (куыд хæдзарадон æхсæнæдты, хæдзарадон æмбаладты æмæ кондадон кооперативты æндæр хуызтæ) харектиризаци кæнынц уымæй, æмæ цæм сæ хайадистæ дарынц быгъдуанон бартæ, кæнæ æндæр дзаумон уагæвæрдтæ. Хицæн экономикон практикæйы ЦБÆ у æппæты домгæ организацион-уагæвæрдон формæ коммерцион организациты æхсæн.

Æмæ ма ЦБÆ характеризаци кæнынц умæй, æмæ нырон (оперативон) къухдариуаг æхсæнады мидæг (æмбаладты хъауджы) лæвæрдæуы скæнæг органмæ, кæцы снысандæуы бындурæвæрджытæн кæнæ сæхи ’хсæн, кæнæ ’ндæр гоймæгтæй. Æхсæнады хайадисджытыл фæдыл бафидар вæййынц æхсæнады стратегон æрмдарады бартæ, кæдон-иу сæххæстæуынц хайадисджыты иуæй-иу хатт иумæйаг æмбырдтæй.

Акционерон æхсæнæдты хъауджы, ЦБÆ-йы хайадисджыты иумæййаг æмбырды компетенци гæнæн ис æмæ айтынг уа хайадисджытæн сæхи хъуыдымæгæсгæ; афтæ ма хицæн хайадистæн гæнæс ис балæвæрды уой æмхасæн бартæ.

Акционерон æхсæнады хайадисджыты (акционерты) хъауджы, ЦБÆ-йы хайадисæджы бон у æмæ йе ’хсæнады Уагæвæрдон капиталы хай, канд ауæй кæнын (кæнæ йæ æндæрформæ радтын) нæ, фæлæ ма æхсæнадæй рахизын, Уагæвæрдон капиталы йæм цы хай æмбæлы, уыцы сæрмæмулчы хайы аргъ æркургæйæ, кæд æмæ ахæм хабар рагхыгъд у Уагæвæрдон æхсæнадæй.

ЦБÆ-йы хайадистæн, æмæ æхсæнадæн йæхицæн, ис фыццаджы бар ис хæйттæ балхæнынмæ, кæд сæ хайадистæй искæцы уæй кæнынмæ хъавы æртыккагварс гоймæгтæн, уæд. Афтæ ма ис гæнæн æмæ æхсæнады Уагæвæрд ма дæтта бар хай æртыккагварс гоймæгтæн аиртæсынмæ.

Кæс ноджы ивын