Цыппар уæздан æцæгдзинады
Цыппар уæздан æцæгдзинады (чатвари арьясатьяни) сты буддизмы бындурон ахуыртæй иу.
Уæздæтты фæдоны, кæй зонд у сæрибар фыдзæрдæйæ, сæрибар фыдвæндæй, у æнæкъæм æмæ сыгъдæг – фæвæййы цыппар хæдныфсы ам æмæ ныр:
- "Кæд искуы мæлæты фæстæ ис дуне, æмæ кæд ис раст æмæ æнæраст миты апп, уæд ай у бындур, кæй фæрцы мæ буарæй куы ахицæн уон фæсмæлæт, уæд нæуæгæй райгуырдзынæн æрвон дунейы". Ай вæййы йæ фыццаг хæдныфс, кæцы ссары.
- "Фæлæ кæд ницæй дуне ис фæсмæлæт, кæд нæй апп раст æмæ æнæраст миты, уæд ам, ацы царды, мæхимæ æнцондæрæй базилин – сæрибар фыдзæрдæйæ, сæрибар фыдзондæй, сæрибар зындзинæдтæй". Ай вæййы йæ дыккаг хæдныфс, кæцы ссары.
- "Зæгъæм, æмæ фыд æрыздæхы чи йæ скæны, уымæ. Фæлæ мæ никæй æвзæр фæнды. Æвзæрæй ницы саразгæйæ мæм кæцæй бавналдзæн тухи та?". Ай вæййы йе ’рттыккаг хæдныфс, кæцы ссары.
- "Æмæ бынтондæр куынæ здæха фыд йе скæнæгмæ, гъеуæд та ма уæлдайдæр куы суыдзынæн сыгъдæг". Ай вæййы йæ цыппæрæм хæдныфс, кæцы ссары.