Самсон Яковы фырт Чанба (1886 азы 6 (18) июны1937) уыди абхазаг фыссæг æмæ паддзахадон архайæг.

Самсон Чанба
абх. Самсон Иаков-иҧа Ҷанба
Райгуырдис 1886-æм азы 18 июны(1886-06-18)[1]
Амардис 1937[2][1][…]
Парти
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Райгуырдис Сухумы зылды Атарæйы хъæуы. Ахуыр кодта Драндæйы моладзандоны скъолайы. 1914-æм азы каст фæци Хонийы ахуыргæнджыты семинар. Цасдæр рæстæг фæкуыста ахуыргæнæгæй.

Фыста абхазаг æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Йæ уацмыстæ мыхуыры цæуын райдыдтой 1916-æм азæй. Чанба æндæр æмæ æндæр азты куыста газеты редакторæй, Абхазы ССР-ы рухсады адæмон комиссарæй, Абхазы ССР-ы ЦÆК-ы сæрдарæй.

1930-æм азты, репресситы дуджы æрцыд ахст æмæ 1937-æм азы йæ фехстой.

Амарды фæстæ æрцыд реабилитацигонд.

Самсон Чанбайы ном хæссы Абхазы Паддзахадон драмæйы театр Сухумы сахары. Йæ ном хæссынц Абхазы бирæ цæрæнрæтты уынгтæ.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Samson Chanba // Encyclopædia Britannica (англ.)
  2. Чанба Самсон Яковлевич // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.