Чипстæ (амер. англ. chips) — лыстæг карст картоф, зетийы фых йе та сурвых, цалынмæ къæскъæсгæнæг суа. Чипстæ-иу арæх вæййынц фынгыл æвæрд куыд ахуыйæн, гарнир, кæнæ снектæ.

Чипстæ

Истори

ивын

Æппæты арæхдæр æмбæлæг верси куыд амоны, чипсты оригиналон рецепт æрымысыдæуыд Саратогæ Спрингзы, Нью-Йорчы. Куыд дзурынц, афтæмæй уый æрцыди 1853 азы 24 августы, йæ æрымысæг уыдис Джордж Крам (йæ фыдæлты æхсæн уыдис негртæ æмæ индейæгтæ), Moon's Lake House уазæгдоны пъовырæй куы куыста, уæд. Цæмæй-иу мæстыгомау клиентты æрсабыр кæны æмæ исты хуызы бахъæлдзæг кæна, уый тыххæй-иу сын картæфтæ тынг лыстæг ныллыгтæ кодта æмæ-иу кæрстытæ фырдзæхх зетийы фæфыхта, цалынмæ къæрцгæнаг суой, уæдмæ. Адæм тагъд бауарзтой ног хæринаг. Сбадтис ыл «Саратогæйы чипсты» ном. Афтæ сæ хуыдтой суанг 20 æнусы æмбисы онг.

Зиан организмæн

ивын

Чипсты сконды мидæг ис транссойтæ (хæццæ кæнынц суанг 30–50%-мæ). Уыдон фæцудын кæнынц иммунитет, вæййы афтæ дæр, æмæ организмы мидæг расайынц диабет, стæй зæрдæнизтæ, тестостероны бæрц та къаддæр кæнынц, цудын ма кæнынц простагландитты æмбаивд (кæдон регуляци кæнынц организмы бирæ процесстæ, æмæ гыццыл ма хъæуа, алы уæфт æмæ органты сты), цитохром-c-оксидазæйы куыст — канцерогенон æмæ иуæй-иу хосгæнæн токсинты сæйраг фермент. Англисаг ахуыргæндтæ 14 азы дæргъы иртæстой чипсты зиан организмæн, æмæ сæ хатдзæгмæ гæсгæ («British Medical Journal» № 11, 1998 аз), зæрдæйы ишемикон низæй æмæ миокарды инфаркттæй цы адæм амардис, уыдоны ’хсæн арæхдæр ссарæн уыдис, транссойджын продукттæ чи хордта, уыдон; ахæм адæмы æхсæн ма æхсыррæзынæджы рак вæййын 40% арæхдæр.

Ноджы ма чипсты ис акриламид (2-пропенамид), æмæ фыртæвдæй куыстзылд кæцы баййæфта, ахæм, æндæр крахмалон продуктты (зæгъæм, сурвых картофы, кæнæ дзулы), фæлæ доны фыцгæ — нæй. Ацы токсикон буаргъæд, фылдæр нервыты системæйæн зиан кæны, игæр æмæ уыргтæ; ноджы ма канцероген, ссадæджы хуызæн, ацы буаргъæд та у нервыты хæлды аххосаг (хид кæнын, уæнгты æдых, уæзы фæкъаддæр, регенераци æмæ фæстæмæ химæ æрцыд 2—12 мæймæ).