Юнгер, Эрнст
Эрнст Ю́нгер (нем. Ernst Jünger; 1895-æм азы 29 мартъийы — 1998-æм азы 17 февралы) уыдис немыцаг фыссæг, философ æмæ хæстон. Хæстон теорийы зонадмæ бахаста стыр егъау бавæрд. Эрнст уыди йæ заманы зындгондæр æмæ сæйрагдæр теоретик æмæ немыцаг консерватизмы идеолог.
Эрнст Юнгер | |
---|---|
нем. Ernst Jünger | |
Райгуырды датæ | 1895-æм азы 29 мартъийы[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1998-æм азы 17 февралы[1][2][…] (102 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ |
Германы импери Веймары республикæ Æртыккаг Рейх ГФР |
Альма-матер | |
Уацмысты æвзаг | немыцаг |
Здæхт | Европæйаг философи |
Интерестæ | философи[d] |
Хорзæхтæ | |
Къухфыст | |
juenger-haus.de(нем.) | |
Викикъæбицы медиа |
Йæ аивадон æмæ публицистикон уацмысты иу арæх ракалдта нырыккон ӕхсӕнады хъӕнтӕ. Йæ номдзыддæр чиныг у — «Æндон тæрккъæвдаты» (нем. In Stahlgewittern).
Цардафыст
ивынРайгуырдис 1895-æм азы немыцаг сахар Хайдельберджы, интеллигентон бинонты, йæ фыд уыдис æнтысджын бизнемен æмæ химик. 1901-1913-æм азмæ Эрнст ахуыр кодта Ганноверы сæрмагонд скъолайы. 1913-æм азы йæ хæдзарæй алыгъди æмæ баиу ис Францаг фæсарæйнаг легионимæ. Йæ фыд, иуфæстæ, спайда кодта йæ дипломатон бастдзинадæй æмæ йæ уырдыгæй раздæхын кодта. Йæ ’фсымæримæ иумæ архайдтой культурон-рухсадон æмæ туристон æхсæнадон змæлды — «Вандерфогелы»[6].
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Ernst Jünger // Internet Speculative Fiction Database (англ.) — 1995.
- ↑ 2,0 2,1 Ernst JÜNGER // NooSFere (фр.) — 1999.
- ↑ Юнгер Эрнст // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ http://articles.chicagotribune.com/1993-08-01/entertainment/9308010313_1_ernst-junger-east-german-army-joachim-neugroschel
- ↑ Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
- ↑ Britannica.com // Ernst Jünger