Android Studio у интегрирон æхсæнады бакуыст (IDE) платформæ Android-имæ архайдæн. Фыццаг хатт æвдыст æрцыд 16 майы 2013 азы конференци Google I/O.

Android Studio
Программæйы логотип Android Studio
Скриншот программы Android Studio
Тип интегрирон æхсæнады бакуыст
Фæстаг верси
Тесты верси
Статус активон
Лицензи Apache License 2.0[d] æмæ бесплатное программное обеспечение[d]
Сайт developer.android.com/…(англ.)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

IDE-мæ сæрибар бацæуæны уыд версийæ 0.1, кæцыйы равдыстой 2013 азы Зæрдæвæрæны мæйы, стæй рацыд бетæ-тесты стадимæ( 0.8 версийæ райдаугæйæ). 0.8 верси уагъд æрцыд июны 2014 азы. Фыццаг стабилон верси 1.0 уагъд æрцыд декабры 2014 азы. Тæккæ дæр уæд плагинæн Android Development Tools(ADT) Eclipse-æн æрлæууын кодтой йæ ахъаз.

Android Studio арæзт æрцыд IntelliJ IDEA бындурыл, кæцыйы уадзы компани JetBrains, — официалон бакуысты æхсæнад Android æфтуантæн [3]. Уыцы бакуысты æхсæнад арæзт у ацы платформатæ :Windows, OS X и Linux[4]. 17 маяйы2017, конференцийы Google I/O, Google анонс скодта Kotlin æвзаджы ахъаз. Уымæй фæстæмæ Android Studio-йы у куыд официалон бакуысты æвзаг (Java æмæ С++-имæ иумæ).

Миниуджытæ

ивын

Ног функцитæ фæзынынц Android Studio-йы ног верситимæ иумæ. Ныр дзы ис мæнæ ахæм функцитæ[5]:

  • Макетты уæрæх редактор : WYSIWYG, ис ын хъару UI компоненттимæ кусын Drag-and-Drop функцийы фæрцы, макетты къаддæргонды функци цалдæр экраны конфигурацитимæ.
  • Ӕфтуанты æмбырд (Gradle).
  • Алыхуызон æмбырдтæ æмæ цалдæр .apk файлты генераци.
  • Коды рефакторинг
  • Коды статикон анализатор (Lint), кæцыйы фæрцы ис гæнæн ссарын æнтысындзинады проблемæтæ ссарын, верситы æмбынаты проблемæ æмæ æнд.
  • Мидæгæвæрд ProGuard æмæ æфтуанты бафысты утилитæ.
  • Android-ы сæйраг макетты æмæ компонентты шаблонтæ .
  • Android Wear æмæ Android TV-йæн æфтуанты бакуысты ахъаз[6].
  • Мидæгæвæрд Google Cloud Platform-ы ахъаз, кæцыйы ис интеграци Google Cloud Messaging-мæ æмæ App Engine-имæ.
  • Android Studio 2.1-ы ис ахъаз Android N Preview SDK-æн, уый та нысан кæны уый æмæ аразджытæн сæ бон у райдауой куыст æфтуантыл ног программон платформайæн.
  • Ног верси Android Studio 2.1-йæн йæ бон у кусын ног компилятор Jack-имæ æмæ ма ноджы райста хуыздæр Java 8-ы ахъаз æмæ хуыздæр функци Instant Run[7].
  • Platform-tools 23.1.0 -æй фæстæмæ Linux-тæн у 64-рæнхъон.[8]
  • Android Studio 3.0-йы бавæрдзысты Kotlin-ы инструменттæ стандартмæ гæсгæ(JetBrains IDE-ы бындурыл)[9].

Фиппаинæгтæ

ивын
Windows OS X Linux
Верси OS Microsoft Windows 10/8/7/Vista/2003 (32 или 64-bit) Mac® OS X® 10.8.5 æви уæлдæр 10.13 / 10.14 (High Sierra/Mojave) GNOME или KDE
RAM 3 ГБ (минимум), 8 ГБ (рекомендаци); +1 ГБ Android Emulator-æн
Cæрибар бынат дискыл 2 ГБ минимум (500 МБ IDE + 1.5 ГБ Android SDK-йæн æмæ системон эмуляторы хуызæн), 4 ГБ SSD рекомендуемое
JDK-йы верси Java Development Kit 8
Экраны разрешени 1280 x 800 (минимум)
Уæлæмхасæн Java Runtime Environment (JRE) 6 GNU C Library (glibc) 2.15 æмæ уæлдæр

Системон домæнтæ[4]

ивын

Ӕрвитæнтæ

ивын